Фыццаг сентябрæй йæ тыхмæ хизы уыцы программæ, кæцы æххæссы ипотекон хæсты процентыл субсидитæ фидынмæ уыцы бинонтæн, кæмæдæриддæр уыдзæн ноггуырд, кæнæ та уыцы бинонтæн кæмæндæриддæр ис æртæ кæнæ фылдæр хъæбулы – уый фæдыл райхъусын кодта экономикæйы министр Натиа Турнава.
Министры дзырдæй, фæнысангонд программæ бинонтæн уавæртæ фæхуыздæр кæныны фадат ратдзæн.
Гуырдзыстоны хицауады инициативæйæ 2021 азы фыццаг сентябрæй, субсидиргонд ипотекон хæсы паддзахадон программæ скусдзæн, кæцыйæн йæ нысан у ахæм бинонтæн цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнын, кæцытæм ис ноггуырд хъæбул кæнæ хъæбултæ.
Программæ æххæссы ахæм бинонтæм кæнæ иунæг ныйарджыты/идæдзы ист ипотекон кредиттыл процентон æфтиагы субсидиркæнын хæс раттынæй 60 мæйы дæргъы.
Экономикæйы æнæфæцудгæ рæзынады министрады информацийæ, программæйæ пайда кæныны фадат ис: бинонтæн/иунæг ныйарæгæн/идæдзæн, кæд хæс райсыны моменты йын ис 2021 азы фыццаг сентябры фæстæ гуырд иу аздзыд кары онг хъæбул; бинонтæн/иунæг ныйарæгæн/идæдзæн, кæд хæс райсыны моменты йын ис æртæ кæнæ фылдæр æнахъом хъæбул; бинонтæн/иунæг ныйарæгæн/идæдзæн, кæд хæс райсыны моменты йын ис 2021 азы фыццаг сентябры фæстæ кæнгæ æнахъом хъæбул.
Экономикæйы министрады банысан кодтой, цæмæй программæйы фæлгæтты ипотекон кредитты алæвæрд цæудзæн æрмæстдæр националон валютæйæ, уый дæтдзæн коммерцион банк, фыццагон æмæ дыккагон фатер/хæдзар балхæнынæн кæнæ хисæрмагонд хæдзар саразынæн.