Стыр Британийы раздæры финансты министр Риши Сунак официалонæй фехъусын кодта премьер-министры бынатмæ сæрмагонд кандидатурæ бавдисыны фæдыл
Стыр Британийы раздæры финансты министр Риши Сунак официалонæй райхъусын кодта,цæмæй премьер-министры постмæ сæрмагонд кандидатурæ раразмæ кодта. Уый фæдыл Сунак социалон хызаг «Твиттеры» ныффыста.
«Иугонд Паддзахад стыр бæстæ у, фæлæ лæууæм арф экономикон кризисы раз. Растдæр уый тыххæй слæууын кæндзынæн мæ кандидатурæ , цæмæй бауон консервативон партийы лидер æмæ уæ фидæн премьер-министр. Фæнды мæ рараст кæнон нæ экономикæ, баиу кæнон парти æмæ баххуыс уон нæ бæстæйæн» – ныффыста Риши Сунак.
Борис Джонсоны куыстуæгъды фæстæ сентябры консервативон партийы сæрдариуæгы æмæ премьер-министры бынатмæ тохы Риши Сунак мидпартион æвзæрстыты фæсарæн хъуыддæгты министр Лиз Трасимæ фембылд ис.
Премьер-министры постыл 45 боны дæргъы кусыны фæстæ, ивгъуыд къуырийы Лиз Трас премьеры постæй хи суæгъд кæныны фæдыл фехъусын кодта. Ноджы иу кандидат кæцы сæрмагонд кандидатурæ партийы къухдариуæггæнæджы постмæ официалонæй раразмæ кодта у дзыллæты палатæйы лидер Пенни Мордонт. Сæрмагонд кандидатурæ бавдисын афтæдæр план кæны раздæры премьер Борис Джонсон дæр. Кандидатурæты бавдыисыны æппынфæстаг æмгъуыд фæуд кæны 24 октябры.