«Стыр Авды» бæстæты юстицийы министртæ фыцццаг хатт æрымбырд уыдзысты, Украинайы æрцæугæ æфсæддон фыдракæндты фæдагуырды фарста æркæсынмæ
«Стыр Авды» бæстæты юстицийы министртæ фыццаг хатт æрымбырд уыдзысты Украинайы цы æфсæддон фыдракæндтæ æрцыд уыдæтты фæд равзарынæн. Украинаг медиайы хуъсинагæй, уый фæдыл «Стыр Авды» сæрдар бæстæйы Германийы юстицийы министр Марко Бушман райхъусын кодта.
Фембæлд 28 ноябры Берлины ацæудзæн.
«Фæныхас кæндзыстæм Украинайы территорийыл æрцæугæ æфсæддон фыдракæндтыл, кæцыйы фæд равзарын æмæ фыдгæнджыты дзуаппмæ раттын нæ фæнды. Уый тыххæй æрныхас кæндзыстæм эффективондæр координацийыл», – райхъусын кодта немыцаг бæрзонд гæс.