Стыгъд Имереты – МХМ ахæлиу кодта информаци
Стыгъд Имереты – МХМ  ахæлиу кодта информаци

Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, Имереты, Рачъа-Лечхумы  æмæ Дæллаг Сванеты  полицийы  департаменты  кусджытæ, уагъд  оперативон-агурæн æмæ  фæдæвзарæн мадзæлтты  фæстиуæгæн,  организацигонд фыдгæнæг къорды  уæнгты, Азербайджаны республикæйы  дыууæ æмбæстагы:1988  азы гуырд  Р.А.  æмæ 1973 азы гуырд  Г.А-йы   стыгъды аххосагæй   Терджолайы районы  Бролискедийы  хъæуы æрцахстой.

«Фæдæвзарæнæй фæбæрæг  цæмæй  цæугæ азы 1 дкабры Харагаулийы   районы   Сакасриайы  хъæуы цур,  Н.М-йы æмæ А.М.-мæ  кæцтæ  «БМВ»-маркæйы  хæдтулгæйыл фæцæйцыдысты  Батуммæ, хсæнгарзæй æртъхъирæгæнгæйæ балæбурдтой 5 уæнгæй.  Бырсджытæ сын  цардæн тæссаг тыхмийы  æмæ  тыхæй спайдайы æртъхъирæнæй, уыдонæн 140 мин  АИШ-ы доллары,  мобилон телефонтæ,  афтæдæр сæрмагонд дзаума  байстой  æмæ цауы бынатæй алыгъдысты.

Барадхъаххъæнджытæ  тæвд фæдыл  уагъд  оперативон  мадзæлтты  фæстиуæгæн,  организацигонд  къорды алы уæнгы  нæмттæ базыдтой.  Фæбæрæг ис, цæмæй организаигонд фыдгæнæг къорды уæнгты æхсæн,  æртæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ  сты, дыууæ та Азербайджаны  Республикæйы æмбæстæгтæ.  Развæлгъау информацийæ,  сæ дыууæ дæр  сты  зындгонд  криминалон  авторитеты  а.х. «закъонон къæрных»  Н.С.-йы (фæсномæй  «Гули»-йы)  къорды  активон уæнгтæ»  хъусын кæнынц мидхъуыддæгты министрады.

Фæдæвзарæн цæуы стыр нымæцæй  хцайы  хибакæныны  нысанæй къордонæй  сххæст  стыгъды  фактыл (Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы 179-æм статийы  2-аг хайы «Б»-дæлпунктæй  æмæ 3-аг хайы «Г»-дæлпунктæй, кæцы йæ хъуыдыйы дары  æфхæрды хуызæй,  8-æй 12 азы онг  ахст).