Страсбургы байгом уыдзæн Евросоветы парламентон ассамблейы фæззыгон сесси
Страсбургы Евросоветы парламентон ассамблейы фæззыгон сесси абон байгом уыдзæн. Страсбургы уæвы Гуырдзыстоны делегаци дæр, кæцыйæн къухдариуæг кæны парламенты фыццаг вице-спикер Тамар Чугошвили.
Тамар Чугошвилийы ныхæстæм гæсгæ, фæззыгон сесси уыдзæн принципон æмæ гуырдзиаг фарс дырысæй сфиксир кæндзæн негативон позици Евросоветмæ Уæрсæйы Федерацийы делегацийы æрыздахынмæ гæсгæ.
Абон сæумæрайсом гуырдзиаг фарс консультацитæ ауадздзæн Украинаимæ, Польшæимæ æмæ Балтийы былгæрон бæстæтимæ, цæмæй цы формæйæ баздæхой Евросоветмæ, Уæрæсе делегацийы æрыздахыны ныхмæлæууæг бæстæтæ. Афтæма Гуырдзыстон æмæ фæнысангонд паддзахадтæ, протесты нысанæй, евросоветы парламентон ассамблейы 70 азысæрмæ нывонд бæрæгбойнон амæлтты хайад нæ райсдзысты.
Тамар Чугошвилийы дзырдæй, зæгъгæ визиты фæлгæтты акцент сцырын кæндзысты уыцы проблемæтыл, кæцытæ ратæдзынц Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй, Гуырдзыстон æмæ Украинайы æрдæм.