Стокгольмы арбитражон тæрхондон, «Газпромы» активтыл хъоды сæвæрдта
Голландийы уырыссаг «Газпромы» аквитыл хъоды сæвæрдтой.
Украинаг компани «Нефтогазы» веб-фарсыл публикацигонд фидиуæны мидæг куыд дзырдæуы афтæмæй, уырыссаг паддзахадон компанийы активтæ Стокгольмы арбитражон тæрхондоны хаст вердикты бындурыл æрцыдысты хъодæвæрд.
«Нефтогаз», «Газпромы» активтыыл хъоды сæвæрыны куырдиатæй Голландийы тæрхондонмæ ивгъуыд къуырийы басидтис æмæ тæрхондон, ацы куырдиатмæ сразы ис. Æнæкæсгæ амæ, «Газпромы» скондмæ бацæуæг авд компанийы æххæстгæнæг бюроимæ æмгуыстадыл нæзагъд ракодтой.
Стокгольмы арбитражон тæрхондон, «Нефтогазы» æмæ «Газпромы» даууыл, æппынфæстаг уынаффæ 28 февралы рахаста. Тæрхондон банымадта, ома «Газпром» украинаг «Нефтогазы» уырыссаг газы транзиты тыххæй, 4,63 миллиард доллары бæрц фидтонæй фæхъаджджын кодта.
Тæрхондон уырыссаг энергокомпанийæн украинаг фарсæн компенсацийы хуызæй, 2, 56 миллиард доллары бафидын стæрхон кодта.