«Газпром» «Цæгат Къада1»-æй Европæмæ газы алæвæрд æнæхъæнæй æрыхгæдта, уырыссаг компанийы æфсонæн æрхастой ремонтон куыстытæ
Уырыссаг компани «Гахпром» «Цæгат Къада1»-æй Европæмæ газы алæвæрд æнæхъæнæй æрыхгæдта. Информаци хъусын кæны «Дойче Велле».
«Гахпромы» дзурынц, цæмæй хæтæлвæдыл, арæнæвæрд ремонтон куыстыты тыххæй æрбайстой. Профилактикон куыстытæ æртæ бон аххæсдзысты.
«Цæгат къада1»-ы хæтæлвæдæй галы алæвæрд æххæстæй урæд у. Компрессоры планон ремонтон куыстытæ райдыдтой», – дзырдæуы «Газпромы» фидиуæны.
Бакой уын кæндзыстæм, июны мæйы «Газпром» цæхгæр фæкъаддæр кодта газы алæвæрд. Уырыссаг компанийы уый æфсонæн æрхастой ома Канадæйы бацалцæггонд Сименсы хæтæлвæд ы алæврд кæй байрæджы кодта, уый. Хæтæлвæд ацытæккæ æрмæст 20%-æй кусы, уырыссаг фарс дзуры, цæмæй уый системæйы аиппытæй расайгæ у, Европæйы та хъуыды кæнынц, цæмæй Уæрæсе энергоресурстæй пайда кæны хæсты иуæй-иу инструментæй.