«Ройтер» - «Газпром» Европæмæ газы хайы бадæттыныл  форсмажоры тыххæй  райхъусын кодта
«Ройтер» - «Газпром» Европæмæ газы хайы бадæттыныл форсмажоры тыххæй райхъусын кодта

«Ройтеры»  хъусинагæй,  уыдон æрхонгæ  сты  «Газпромы»  14  июлæй датæгонд  фыстæгимæ, кæцыйы банысангонд у, цæмæй  уæлвæтк  уавæрты тыххæй,   компанийæн  нæу йæ бон  æввонгадимæ  баст йæ  хæстæ  æххæст кæнын.

Медиа куыд фыссы  афтæмæй,   фыстæджы  дзырдæуы, цæмæй  пункт форсмажоры  фæдыл, кæцы йæ хуъыдыйы   дары  контрактæй  бæрæг  хæстæ  сыххæстæй   суæгъд кæнын, йæ тыхмæ бахызт 14 июнæй  æмæ  йæ  уæгъд кæны   цыфæнды  компенсацитæ  бафидынæй.

Агентады информацийы равзæрæны хъусинагæй,   дзырдæуы  газæввонгадыл  «Цæгаты Къада-1»-ы  хæтæлвæдæй, кæцы  Германийы æмæ европæйы  æндæр æмæ æндæр бæстæтæн æрдзон газ бадæттыны  иуæй-иу  сæйраг маршрут у.

Компани  «Газпромы»  фæнысангонды тыххæй нырма комментари нæ аразынц.

Хæтæлвæд  «Цæгаты Къада-1»-ы  техникон  куыстыты  тыххæй, 21  июлы онг урæд у, фæлæ  Европæйы иуæй-иу  бæстæйы ката кæнынц, цæмæй йæ æххæстæй скусын  кæныны датæ  гæнæн ис  æргъæвд æрцæуа.