Стихи Онийы пуниципалитеты хъæутæ базиан кодта. Тæркъæвда æмæ цæугæдæтты раивылды фæстиуæгæн, базиан сты фæндæгтæ æмæ цæрæн хæдзæрттæ. Онийы мэры хæстæ æххæстгæнæгы, Давит Чикваидзейы дзырдæй, фылдæр зиангонд у инфраструктурæ, фæлæ стихийы цалдæр хæдзар базиан кодта.
«Хъыгагæн территорий, кæцы базиан ис зноны территорийæ стырдæр у. Земо Рачъайы æрдæм куы цæуæм, уыцы æрæдæмадыл фæндаг тыхджын базиан ис, сæ нымæц, Ресы цур дæр, ноджæ ма æндæр хъæуты дæр, цахæм дæр у Уцъера æмæ а.д. Зианы бæрцы тыххæй куы зæгъæм, æгæр стыр у, кæцыйы фылдæр сты инфраструктурон объекттæ, ис дзы зиангонд хæдзæрттæ дæр, фæлæ нырма бæлврд информаци нæй. Цалдæр цæрæгæй базыдтам, цæмæй ивылд цæугæдон сцад кодта фыццаг уæладзыгтæ, фæлæ уый тыххæй цæмæй физикъонæй нæ бон нæу уырдæм ссæуын, нырма нæ зонæм конкретонæй цы уавæр ис .Ахæм у уавæр ацытæккæ», – банысан кодта Давит Чикваидзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, цысыл тас æртъхъирæн кæны дыууæ хæдзары бинонтæм, уымæн æмæ сæм цæугæдон уыд тынг хæстæг æмæ сæ ирвæзынгæнæг куыст æдас ранмæ акодта.
Фото æмæ видео-æрмæджытæ социалон хызагы ахæлиу сты.