Стамбулы аэропорты  бæлццонон хæдтæхæджы  аварионæй æрбадты фæстиуæгæн  фæмард 3 адæймаг
Стамбулы аэропорты бæлццонон хæдтæхæджы аварионæй æрбадты фæстиуæгæн фæмард 3 адæймаг

Стамбулы  Сабиха  Гокчены  æхсæнадæмон  аэропорты  бæлццонон хæдтæхæджы   аварионæй  æрбадты  фæстиуæгæн   фæмардуæвджыты нымæц  æртæйы  онг  фæфылдæр,  цæф  сты  180 адæймаг.   Уый  тыххæй информаци хъусын кæны   туркаг   телекомпани  «Эн-Ти-Ви»  æнæнизхъахъхъæды министрады   æнцойæ.

Авиакомпни «Пегасусы»  сæрмагонд  Бионг 737,  кæцы  Измырæй   æххæст кодта  рейс, Стамбулы, Гокчены  аэропорты   аварион æрбадты  рæстæджы   стæхæн хаххæй  ахызт  æмæ  æртæ хайыл асаст. Хæдтæхæг  æрбадт  æххæст кодта  уæззау метеорилогион уавæрты,  инциденты рæстæджы  уарыд  къæвда   æмæ  дымтта  уад.

Бортыл   уыд 177 бæлццон  æмæ  экипажы  æхсæз  уæнгы. Бæлццæтты нымæцы  уыдысты  дыууæ ноггуырд  сывæлоны.  Стамбулы  мэры  Али Эрликаиайы  информацийæ,   цæфты  æхсæн  сты  174 бæлццоны æмæ  экипажы  æхсæз  уæнгы.

Авиакомпани   Пегасусы   хъусинагæй,   бортыл   бæлццæтты  фылдæр уыдысты   Турчы  æмбæстæгтæ,  афтæдæр   20  фæсарæйнаг  бæлццон  12  бæстæйæ.