Индийы горæт Ахмедабады, Лондонмæ цæуæг Air India-йы хæдтæхæг æрхауд, хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, бортыл уыд 240 адæймагæй фылдæр
Индийы горæт Ахмедабады «Эйр Индийы» хæдтæхæг æрхауд.
Reuters-ы информацийæ, хæдтæхæг тахт Лондонмæ.
Авари æрцыд райхæлды рæстæджы. Куыд нымайынц, афтæмæй æрхаудта цæрæн районы. Хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, хæдтæхæджы бортыл уыд 240 адæймагæй фылдæр.
Фæмардуæвджыты тыххæй хъусинæгтæ нæй. Социалон хызæгты цы кадртæ парахат кæнынц, уыдоны æвдыст цæуы, адæмы тагъд æххуысы машинæтыл куыд ласынц, уый.