«Азербайджаны авиакомпани»-йы бæлццæттæласæн хæдтæхæг æрхауд Казахстаны аэропорт Актауы цур, бортыл уыд 67 адæймаджы
«Азербайджаны авиакомпани»-йы бæлццонласæн хæдтæхæг Казахстаны аэропорт Актауы цур æрхауд. Уый фæдыл информаци «ВВС» парахат кæны.
Бынæттон медийы информацийæ, хæдтæхæг Бакуйæ горæт Грознамæ атахт.
Хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, хæдтæхæг катастрофæйы размæ тревогæ сарæзта.
Социалон хызы парахат кæнынц лайнеры хауæны кадртæ.
Уæвæг информацимæ гæсгæ, хæдтæхæджы бортыл уыд 67 адæймаг, кæцытæй 62 тæхджытæ æмæ фондз экипажы уæнгтæ уыдысты.
Казахстаны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй авиакатастрофæйæ удæгасæй баззад цалдæр адæймаджы. Бынаты кусынц æнæнхъæлæджы уавæрты службæтæ.