SPIEGEL публикаци кæны Гиорги Гахариаимæ интервью - æнæвизæ режимæй фыдвæнд тынг цъус гуырдзиаг пайда кæны
Гуырдзыстоны æмбæстæгты фылдæр, «Шенгены Зонæмæ» æнæвизæ балцы фæткойтæ нæ халынц æмæ ацы привилегийæ стыр цинæй пайда кæнынц – ахæм дзуапп дæтты Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа немыцаг рауагъдад SPIEGEL-ы журналисты фарстайæн.
Гахариайы ныхæстм гæсгæ 2017 азы мартæй, 2018 азы майы онг периоды, Германимæ ныццыд Гуырдзыстоны 66 091 æмбæстаг æмæ уыдонæй æрмæст чысыл хай æрдомттой политикъон лигъдуны статус раттын.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдызстонæй хиæмбæхсæн агурджыты куырдиæтты нымæц 2018 азы январы уыдис 696, апрелы та 295 æркуырд сфиксир ис.
«Январæй райдайгæйæ, хиæмбæхсæн агурджыты нымæц алы мæй къаддр кæны» – дзуры Гахариа.
Министр SPIEGEL-æн куыд фехъусын кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны серьозонæй сагъæс кæны Германийы йе мбæстæгты цы фыдракæндтæ кодтой уыцы фарстыл.
«Тынг мæт кæнæм æм алы фактæн æттæм серьозон нысаниуæг, фæлæ статистикон бæргæггæнæтæй зыны, цæмæй Германийы фыдракæндты æрдгæй процентон бæрггæнæнтæм гæсгæ, гуырдзиæгты фывдракæндтæ сты 0,3 процент. Уый тыххæй дæр хъуыды кæнын, цæмæй медийы æмæ политикъон зылдты реакци æгæр уæлдайджын у» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр.
Немыцаг рауагъдадимæ интервьюйы, Гахариа афтæдæр ныхас кæны, хицауад æнæвизæ режимы æгъдæутты хæлды превенцийы нысанæй цы къахдзæфтæ сарæзта уыдоны тххæй. Сæ нымæцы ис закъон, кæцы æмбæстæгтæн мыггаг раивыны процедурæ зын кæны. Афтæдæр райгонд у Германийы парламенты инициргонд хъуыдиадæй, кæцы йæ хъуыдыйы дары Гуырдзыстоны, «Æдас бæстæты» номхыгъдмæ бахæссын. Уый фæдыл Гуырдзыстоны æмбæстæгты куырдиæтты кæсыны æмæ сæ депортацийы процесс фæцырддæр уыдзæн.
SPIEGEL Гуырдзыстоны МХ министримæ интервьюйы, Гиорги Гахариайы немыцаг коллегæимæ фембæлды размæ публикаци кæны. Немыцаг медиа-фæрæз куыд хъусын кæны афтæмæй, министртæ абон Берлины фембæлдзысты. Бадзырдты сæйраг темæ у Гуырдызстоны æмбæстæгты æрдгæй Шенгены Зонæмæ балцы рæстæджы, æнæвизæ змæлды æгъдæутты халындзинад. Уый нымæцы, фæрстæ хъусдард раздахдзысты Гуырдызстоны æмбæстæгты æрдгæй лигъдоны статусы æнæбындурæй æркуырдты цауты рæзты рдæм.