Сомихыстоны æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ цæуынц. 20 июны æвзæрстыты 25 партийы æмæ блокъæй исынц хайад. Национ æмбырдмæ бахауынæн партитæн бахъæудзæн 5 проценты, æрмæст блокътæн та 7 процентон барьерыл ахизын.
Бынæттон социологион центр «MPG ltd»-ы фæстаг рафарстмæ гæсгæйæ, блокъ «Аястанæн» (Сомихыстон), кæцыйæн къухдариуæг кæны раздæры президент Роберт Кочарян, йæ фарс хæцынц æвзæрстгæнджыты 24,1 процент, æрмæст премьер-министры хæстæ æххæстгæнæг Никол Пашиняны блокъæн «Æмбæстагон Разыдзинадæн» – та 23,8%. Рафарстмæ гæсгæйæ, æртыккаг бынатыл ис раздæры президент Серж Саргсяны блокъ «Ис мын Намыс» – 7,4 прцоент.
Æвзæрстытæ æвзарæнон фадгуытыл бынæттон рæстæгæй 08:00 сахатыл байгом сты æмæ 220:00 сахатыл та фадгуытæ уыдзысты æхгæд.