Словакйиы премьер-министры рынчындонæй рафыстой
Словакйиы премьер-министры рынчындонæй рафыстой

Словакийы премьер-министр Роберт Фицойы рынчындонæй рафыстой.

Горæт Банска-Быстрицайы рынчындоны куыд райхъусын кодтой афтæмæй,  уымæ хоскæнын адарддæр уыдзæн хæдзары.

Фицойы цæрæн хæдзары цур  фæкарз кодтой æдасдзинады  мадзæлттæ.

Роберт Фицойы Банска-Быстрицайæ сæйраг горæт Братиславамæ  æрдмæтæхæгæй  аластой.

59 аздзыд Роберт Фицойыл бырст  15 майы  горæт Хандловайы æрцыд. Словакийы  премьеры цыппар хатт фехстой. Бырсæг 71 аздзыд Юрай Цинтулайы цауы бынатыл æрцахстой.