Гуырдзыстоны юстицийы министр Паата Салиа фембæлд Евросоветы хъизæмары æмæ æнæадæймагон кæнæ æгадгæнæг ахасты кæнæ æфхæрды превенцийы комитеты (CPT) президент Алан Митчеллимæ.
Министрады информацимæ гæсгæ, Салиа делегацийæн лæвæрдта деталон информаци системæйы цæугæ æмæ плангонд реформæты, аххосджынты æмæ тæрхонгондты барты хъахъхъæды, ахуырадон, профессионалон æмæ медицинон программæты фæдыл.
«Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд чысыл объектты арæзтад æмæ райрæзтмæ, кæцытæ дзуапп дæттынц нырыккон стандарттæн, кæцы æнцонвадат кæны эффективон къухдариуæгад æмæ аразы ахæстты реабилитацимæ ориентиргонд уавæр.
Фæрстæ æруынаффæ кодтой æххæстгонд æмæ цæугæ проекттыл, цæмæй фæхуыздæр уа æнæниздзинад хъахъхъæныны æнцонвадатдзинад æмæ гъæд æфхæрæн системæйы. Банысангонд æрцыд, цæмæй аххосджынтæ æмæ тæрхонгондтæ æппæт æнæмæнгхъæуæг медицинон æххуысæй ифтонг цæуынц 24/7 æмæ, куы бахъæуа, уæд сын фадат ис профилон æмбæстагон клиникæтæм бацæуынæн.
Акцентгонд æрцыд СРТ-йы рекомендациты ахсджиагдзинад æфхæрæн системæйы ноджы фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы. Делегацийы визиты нысан у ахстгæнæн уагдæтты уавæр сбæрæг кæнын æмæ цæугæ реформæты фæдыл базонын.
Фембæлдыл афтæ дæр хайад истой юстицийы министры фыццаг хæдивæг Дзамашвили Бека, мидхъуыддæгты министры хæдивæг Шалва Тадумадзе, сæрмагонд æфхæрæн куысты генералон директор Гиоргий Патаридзе, афтæ дæр юстицийы министрады, мидхъуыдтæгты министрады æмæ æфхæрды сæрмагонд куысты æндæр минæвæрттæ» -ис фыст министрады расидæны.