Паата Салиа - Ис ма нæм фарстытæ 20-æм июны фæдыл æмæ фæдагуырд раргом кæндзæн, спайда кодтой æви нæ æнæпропорционалон тыхæй æмæ цы уыд йæ аххосаг
Афтæ дæр нæм ис фарстатæ 2019 азы 20 июны фæдыл, æмæ фæдагуырд раргом кæндзæн, æнæпропорцион тыхæй спайда кодтой æви нæ æмæ цы аххосаг уыд – уый фæдыл юстицийы министр Паата Салиа расидтис.
Салиа куыд банысан кодта афтæмæй, ис Страсбургы тæрхондоны æскъуыддзаг 20-æм июны хъуыдтагы фæдагуырд фылдæр эффективонæй ауадзыны фæдыл.
«20-æм июны цауты фæдыл Страсбургы тæрхондон бæлвырд æмæ æнæдызæрдыгæй банысан кодта, цæмæй паддзахадæн ис бар тыхæй спайда кæнын паддзахадон уагдæттæм, бæстыхæйттæм æмæ, уымæ гæсгæ, пъæлицæйы минæвæрттæм æрбабырсты цауы. Уый бæлвырдæй бахахх æрцыд æмæ, ацы æрдгæй, мæнмæ гæсгæ уый у тынг ахсджиаг. Страсбургы тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, фæдагуырд хъуамæ уагъд æрцыдаид эффективондæрæй. тыхæй спайда кодтой пропорционæй æви нæ, уыд æви нæ бæрæг цауты тыхæй фылдæр æмæ а.д.», -расидтис Паата Салиа.