Роберт Фицо - Урсула фон дер Лейен мæ æрдæг сахаты дæргъы бынтон æдылыйæ хуыдта Трампимæ тарифты фæдыл бадзырдты тыххæй
Словакийы премьер-министр Роберт Фицо хъусын кæны, цæмæй йæм Еврокамисы президент Урсула фон дер Лейен фæдзырдта æмæ æрдæг сахаты дæргъы æлгъыста æмæ йæ бынтон æдылы схуыдта. Уый фæдыл Фико расидтис пресс-конференцийыл, цыран Урсула фон дер Лейенимæ телефонон ныхасы лыстæгдзинæдтæ раргом кодта.
Уый загъта, зæгъгæ, ныхас цæуы АИШ-ы æрдыгæй Евроцæдисы ныхмæ цы тарифтæ расидтысты, уыдоны тыххæй, кæцытæ гæнæн ис æмæ зиан æрхæссой Словакийæн дæр.
“Уый мын загъта: “Цæмæн афтæ бакодтай? Цæмæн сразы дæ ацы Трампимæ бадзырдтæ кæныныл?” Æрдæг сахаты дæргъы мæ æлгъыста, бынтон æдылы дæ, зæгъгæ», — радзырдта уый журналисттæн.
Уымæй дарддæр ма, Фицо расидтис, цæмæй тарифты проблемæтæ æрбæстон кæныны фарстайы активонæй дарддæр кæндзæн. Фицо æнхъæлмæ кæсы, цæмæй АИШ-ы тарифтæ тынгдæр зиан æрхæсдзысты Словакийы автомобилон индустрийæн.
«Индустригæнджытимæ бадзырдтæ цыбыр рæстæгмæ ацæудзысты, лæмбынæг сæм байхъусдзыстæм, фендзыстæм, цавæр мадзæлттæ æрхæссдзысты, уый фæстæ та сæ профессионалон æгъдауæй бавдисдзыстæм Еврокамисмæ, цæмæй Евроцæдис иумæ баныхас кæна æмæ дзуапп ратта», — загъта Фицо.