Словакийы æддагполитикон уагдон – Словаки йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн
Словакийы фæсарæн хъуыддæгты министрад августы хæсты фæдыл фидиуæн аразы.
Словакийы æддагполитикон уагдоны куыд хъусын кæнынц афтæмæй, – зæгъгæ Уæрæсе абоны онг дарддæр кæны агрессивон политикæ йæ сыхæгты ныхмæ.
«14 азы размæ ацы бон Уæрæсе ныббырста Гуырдзыстонмæ. Абоны онг уый дарддæр кæны агрессивон политикæ йæ сыхæгты ныхмæ. Словаки нæ разы кæны ахæм архайдимæ æмæ сæ нымайы æнæзакононыл, тæссаг, æнæпайда æмæ йæ фарс хæцы Гуырдызстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн», – дзырдæуы фидиуæны.