Сирийы теракты фæстиуæгæн АИШ-ы æфсады цыппар æфсæддон фæхъуыд
Сирийы сахар Манбиджы теракты фæстиуæгæн АИШ-ы æфсады цыппар æфсæддон фæхъуыд. Reuters-ы информацийæ, сахары иуæй-иу рестораны цур срæмыгъд, АИШ-ы æфсæддон патрулы æмæ бынæттон æфсæддон советы уæнгты фембæлды рæстæджы æрцыд. «Исламы Паддзахадæй» цы хонынц уыйимæ баст агентад Amaq-ы хъусинагæй, къорды иуæй-иу хæцæгæн, рæмудзæн гарзæг йæ жилеты уыд æмбæхст.
Сирийы адæймаджы барты цæстдарæг центр фыссы цæмæй, теракты фæстиуæгæн, æмтгæй райсгæйæ фæмард 16 адæймаг, 20-ы онг та фæцæф сты. Фæмардуæвджыты нымæцы ис хуымæтæг цæрджытæ дæр.