Силвио Диоменте – уавæр фæдисон у æнæрмæст Гуырдзыстоны, фæлæ ма æнæхъæнæй регионы, хицауад рискытæн æмбæлгæ аргъ хъуамæ ратта
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы минæварады къухдариуæггæнæг Силвио Диоментейы фидиуæнæй, зæгъгæ, эпидемиологион уавæр æнæрмæст Гуырдзыстоны, фæлæ ма æнæхъæн регионы фæдисон у.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фæнысангонд уавæры æнæмæнгхъæугæ у хъус дарын æмæ рискытæн аргълæвæрды фæдфæдонæй æмбæлон мадзæлттæ райсын.
Эпидуавæрыл ныхасы рæстæджы Силвио Диоменте йæ хъусдард раздæхта вакцинацийы нысаниуæгы рдæм.
«Фæстæмæ та ныллæг у вакцинацийы бæрæггæнæн. Тынг цъус бæстæтæ ис вакцинаци æнтыстджынæй кæм ацыд ахæмтæ, регионы дæр вакцинацийы æмвæз 10 процентæй ныллæгдæр у. Нæ рекомендаци у, цæмæй сентябрмæ цæрджыты иууыл цъус 10% уæддæр уа низы ныхмæ æфтыд, декабрмæ 40%, иннæ азы сæрдмæ та, глобалонæй цæрджыты 70%, стæй суыдзæн вакцинаци эффективон.
Фæзындис нын ног дельта-вариант, кæцы циркуляци кæны ацытæккæ, афтæ куыд альфа, бета æмæ æнд варианттæ. Тобæтæ сфидар кæныны æмæ фенцондæр кæныны уынаффæ у хицауады аскуыддзаг кæнинаг, кæцы баст у рискытæн аргълæвæрдимæ. Алы бæстæ архайы афтæ эпидемиологион уавæры, æнæнизхъахъхъæды сектор фæразондзинады фадæтты, вакцинацийы æмæ æндæр фактортæм гæсгæйæ. Хицауад рискытæн аргъ хъуамæ скæна локалонæй æмæ уымæ гæсгæйæ рахæсса уынаффæ. Рекомендаци у, сыххæст кæнæт æмбæлгæ аргълæвæрд. Приоритет хъуамæ уа вакцинаци», – райхъусын кодта Силвио Диоменте.