Шалва Папуашвили – Украинæйы хæст иуæй-иу европæйæгтæн моралон дилеммæ æвзæрын кæны, уыдон хъуамæ æмбарой, цæмæй æнæ эффективон къахдзæфтæй æмæ бæрндзинадæй хæсты адарддæр кæнынмæ сидтытæ сты аморалон
Украинæйы хæст иуæй-иу европæйæгтæн æвзæрын кæны моралон дилеммæ. Мидæгæй хъуамæ æмбарой, хæсты адарддæр кæныны сидтытæ, æнæ архайд æмæ бæрндзинад райсгæйæ, кæй сты æнæгъдау. Æнæбæрнон актертæ тæссагдзинад хæссынц европæйаг æдасдзинады архитектурæйæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили йæ фарсыл «Фейсбукы» фыссы.
Папуашвили куыд фыссы, афтæмæй «Хæсты райдайæны æртыккаг азы сæрмæ цы бадзырдтæ райдыдта, уыдоны нысан хъуамæ уа сабырад, хæст нæ, æмæ йæ хъуамæ разамынд дæттой бæрнон паддзахадтæ».
Украинæйы хæст иуæй-иу европæйæгтæн æвзæрын кæны моралон дилеммæ. Мидæгæй хъуамæ æмбарой, хæсты адарддæр кæныны сидтытæ, æнæ архайд æмæ бæрндзинад райсгæйæ, кæй сты æнæгъдау. Æнæбæрнон архайджытæ тæссагдзинад хæссынц Европæйы æдасдзинады архитектурæйæн. Кæд исчи «туг, фыдæбон, цæссыг æмæ æртæх» æрхæсса, уæд уый хъуамæ уа йæхи, искæй нæ. НАТО-йы фыццæгæм статья никæй хъыгдары æфсæддон архайдтытæм йæхи хъæппæрисæй бахизын. Кæд искæй фæнды æхсæнадæмон æдасдзинады фадыджы хицæн кæнын, уæд украинæгтæ æхсызгонæй райсдзысты сæ æфсæдты хæсты быдырмæ. Украинæйы хæсты райдайæнæй, Гуырдзыстоны хицауад стыр тыхархайд сарæзта, цæмæй эскалацийы тыххæй Уæрæсейы «уынаффæтæ» ма æххæст кæна, фæнды Украинæмæ барвæндонты арвитынæй, фæнды Уæрæсейы ныхмæ дывæрсыг санкцитæ снысан кæнынæй. Уыимæ, вазыгджындзинæдты рæстæджы нын æдасдзинады гарантитæ æмæ экономикон æххуыс ничи лæвæрдта. Ацы æлхъывдад ноджы фæкарздæр ис бынæттон радикалон партитæ æмæ æнæхицауадон организацитæ, кæцытæн финансгонд æрцыдысты USAID æмæ NED, кæцыты архайдтытæ фæстаг къуыриты ссисты скандалы темæ. Гуырдзыстоны хицауад уыцы «фæдзæхстмæ гæсгæ куы æххæст кодтаид», уæд гуырдзиæгтæн ныр бирæ «туг, фыдæбон, цæссыг æмæ æртæхтæ» уыдаид. «Хæсты райдайæны æртыккаг азы сæрмæ инициргонд бадзырдты нысан хæст нæ фæлæ сабырад хъуамæ уа æмæ йæ разамынд дæттой бæрнон паддзахадтæ, æндæрты хардзæй сæхи интерестæ æххæст кæнын кæй фæнды», – фыссы Папуашвили Шалва.