Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва Китайы националон адæмон конгрессы иудадзыгон комитеты сæрдар Чъао Ле Дзиимæ фембæлд.
Фарсытæ банысан кодтой, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Китайы æхсæн дыууæфарсон ахастытæ динамиконæй рæзынц æндæр æмæ æндæр здæхтыты, кæцы бæрзонд æмвæзады визиттæй дæр зыны.
Папуашвили Шалва бузныг расидтис китайаг фарсæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ територион æнæхъæндзинады фарсылхæцындзинады тыххæй. Папуашвили Шалва афтæ дæр сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны «Иу Китайы принципыл» æнæфæцудгæдзинад. Фæрстæ банысан кодтой, цæмæй абоны æнæстабилон дунейы æхсæнадæмон барады фундаменталон уагæвæрдты фарсылхæцындзинад фылдæрæй-фылдæр кæны нысаниуæг.
Фембæлдыл акцент сарæзтой Китайы инвестицитæ Гуырдзыстоны. Шалва Папуашвили расидтис, цæмæй китайаг компанитæ активонæй хайад исынц Гуырдзыстоны цæугæ инфраструктурон арæзтады проектты.
Ныхас цыд туризмы къабазы æмгуыстадыл дæр. Банысан ис, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Китайы æхсæн комкоммæ рейстæ ахъаз кæнынц туристон змæлды рæзтæн æмæ адæмы æхсæн бастдзинады рæзтæн.
Фембæлдыл ныхас цыд Гуырдзыстоны транспортон æмæ транзитон потенциалыл. Папуашвили Шалва Астæуккаг къæлидоры потенциалыл æмæ ацы æрдгæй Китайимæ æмкуыстдзинады нысаниуæгыл фæныхас кодта. Уый загъта, зæгъгæ, Астæуккаг къæлидор, геополитикон æнæразыдзинады фоныл, у традицион Цæгат къæлидорæн иууыл эффективондæр альтернативæ.
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар йæ китайаг коллегæйы Гуырдзыстонмæ фæхуыдта.