Шалва Папуашвили – Ис ахæм цыдæр, кæцы нæхи у æмæ цыдæр, кæцы ис иннæтæн, мах хъуамæ зонæм уый æхсæн хицæн кæнын, патриотизм у нæхи æмæ иннæты æхсæн хицæндзинад, уый тыххæй дæр ацы бон нæхи у, арфæ уын кæнæм 26 майы
Шалва Папуашвили – Ис ахæм цыдæр, кæцы нæхи у æмæ цыдæр, кæцы ис иннæтæн, мах хъуамæ зонæм уый æхсæн хицæн кæнын, патриотизм у нæхи æмæ иннæты æхсæн хицæндзинад, уый тыххæй дæр ацы бон нæхи у, арфæ уын кæнæм 26 майы

Хæдбардзинад у процесс, æрвылбонон тох, кæцы никуы фæвæййы. Кæд æмæ нæ нæ фæнды фæсарæйнæгтæн цагъар уæвын, кæд нæ фæнды хæдбардзинад, кæд нæ фæнды суверенитет æмæ фæнды «нæхæдæг уæм нæхи», уæд хъуамæ бамбарæм, цы нысан кæны уый – фыссы Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили социалон хызагы æмæ æхсæнадæн арфæ кæны Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон.

Папуашвили куыд банысан кодта афтæмæй, хæдбардзинад у процесс, æрвылбонон тох, кæцы никуы фæвæййы.

“Ацы бон махæн у! Хæдбардзинад у процесс, æрвылбонон тох, кæцы никуы фæвæййы. Цалынмæ удæгас стæм, уæдмæ хæцæм, кусæм, рæзæм, нæ бон нæу æрлæууын. Æрлæууын нысан кæны мæлæт, æнæнтыстдзинад, зиан. Кæд нæ фæнды æцæгæлонты цагъартæ уæвын, кæд нæ фæнды хæдбардзинад, кæд нæ фæнды суверенитет æмæ нæ фæнды “нæхи сæр дарын”, уæд уый хъуамæ æмбарæм, цы нысан кæны уый. Æмбарæм æмæ зонæм сæрибардзинады аргъ, хæдбардзинады æмæ паддзахады нысаниуæг. хицæн кæнын нæхи æмæ æндæрты.Патриотизм растдæр ахæм у, нæхи æмæ иннæты æхсæн хицæн кæнын.Уый тыххæй дæр ацы бон нæхи у!