Шалва Папуашвили – Илья Дыккагы ролæн Гуырдзыстоны ногдæр историйы нырид ис аргълæвæрд  куыд  уникалон, йæ сзгуыхтдзинад у уый, цæмæй аргъуан  уыдис æмæ ныр дæр у  нæ æмбæстæгты фидауынгæнæг
Шалва Папуашвили – Илья Дыккагы ролæн Гуырдзыстоны ногдæр историйы нырид ис аргълæвæрд куыд уникалон, йæ сзгуыхтдзинад у уый, цæмæй аргъуан уыдис æмæ ныр дæр у нæ æмбæстæгты фидауынгæнæг

Илья Дыккагы роль Гуырдзыстоны  æввахсдæр историйы  нырид райста аргълæвæрд, куыд  уникалон æмæ историон – афтæ фыссы Гуырдызстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх   Илья Дыккагы  интронизацийы 46-æм юбилейы фæдыл.

Парламенты сардар куыд банысан кодта афтæмæй,  сæрмагондæй  Илья Дыккагы  сгуыхтдзинад у уый, цæмæй аргъуан, нацийы  удон интерестыл аудындзинадимæ иумæ, уыдис æмæ у гуырдзиæгты   фидауынгæнæг  æмæ цыфæнды æнæразыдзинады  нейтрализацигæнæг.

«Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  Илья Дыккагы  интронизацийæ  46 азы рацыд.  Историон у  нæ уарзон  Патриархы роль  гуырдзиаг нацийы  удон цардмæ раздæхыны æмæ стынг кæныны хъуыддаджы. Интронизацийы рæстæджы  йæ дæлбар лæвæрд уыд 15 епархийы архайæг  30  аргъуан, кæцыты цалдæр дæсой  епископ  æмæ  сауджын  архайдтой.  Абон йе сгуыхтдзинады  фæрцы Гуырдзыстоны æмæ йæ арæнты æддæйæ  46  епархи, 2000  архайæг аргъуан  æмæ 3000 сауджын-моладзан ис. Адон хуымæтæг цифрæтæ не сты, адон сты  нæ удон, нæ идентондзинады бындур. Илья Дыккагы ролæн Гуырдзыстоны ногдæр историйы нырид уыдис аргълæвæрд  куыд уникалон æмæ  историон. Алчи йæ зæрдыл хъуамæ дарæт цæмæй Илья Дыккагы  сгуыхтдзинад у уый цæмæй аргъуан, нацийы  удон интерестыл аудындзинадимæ иумæ, уыдис æмæ у гуырдзиæгты   фидауынгæнæг  æмæ цыфæнды æнæразыдзинады  нейтрализацигæнæг», – фыссы  Шалва Папуашвили.