Серж Саргсян фæныхас кодта ИНО-йы Гуырдзыстоны ныхмæ позициты тыххæй
Серж Саргсян фæныхас кодта  ИНО-йы Гуырдзыстоны ныхмæ  позициты  тыххæй

Тбилисы визитæй  уæвыны рæстæджы  Сомихыстоны президент  дзуапп ратта  ИНО-йы  Гуырдзыстоны  фарсхæцæг резолюцийы ныхмæ хъæлæскæнынады фæдыл фарстæн.  Уый тыххæй   ныхас кæны фылдæрты уæнг Гиа Вольски. Депутаты  ныхасмæ гæсгæ,  сомихыстойнаг делегациимæ  парламенты ацы темæйы   ныхасы рæстæджы, Серж Саргсян, Сомихыстоны раз сидтытæ æрхаста æмæ   гуырдзиаг  фарсмæ æрсидтис  æмбаргæ ахаст дарынмæ.

«Уыдис ныхас   бæрæг позициты   хъауджыдæрдзинады фæдыл,   фæлæ   разагъд æрцыд  фæндон,  цæмæй  æмбаргæ ахаст бадарæм   фарстмæ,  уыцы сидтыты спецификæйы тыххæй,   кæцытæ ис сомихаг æмæ  гуырдзиæгт фæрстæм.  Абхазийы æрдæм  ахасты, Сомихыстон  ныхм  схъæлæс кодта  ИНО-йы  æмæ   уый фæдыл фæныхас кодтой уыцы  спецификæйыл,  кæцы  ис  ацы ситуацийы  сомихаг фарсæн.   Ис фарстытæ, кæцытæ мидкавказаг   ахастыты  серьозон проблемæтæ  æвдисынц,  кæй зæгъын æй хъæуы   сомихаг-азербайджайнаг  æндыгъд   ахастытæй  рацæугæйæ,  фæлæ   фидæнмæ иу  æмæ  иннæ фарс дæр  ныфс  равдыстой, цæмæй   ацы уавæр  сындæггай æрбиноныг уыдзæн» – банысан кодта  Гиа Вольски.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй   дзырдæуы ИНО-йы  Гуырдзыстоны инициргонд   æрвылазон резолюцийы  фæдыл, кæцы оккупацигонд   Абхазийæ æмæ Цхинвалы регионæй   тыхбын бынативгæ  уæнгты  æмæ  лигъдæтты  стиатусмæ æхæссы.  Лигъдæтты  фундаментон  барты  фарсхæцæг документ, сæрмагонд цæрæн хæдзæрттæм лигъдæтты  барвæндон, æдас æмæ аккаг  æрыздæхыны  бар  дары йæ хъуыдыйы.

1 июны  халæппæрстыл  Сомихыстон  уыдис уыцы 14 бæстæйы   нымæцы,  кæцытæ  сæрмагонд хъæлæс  ацы  резолюцийы   ныхмæ сфиксир кодтой.  Ацы азы  резолюцийæн йæ фарс рахæцыд 80 бæстæ,  61  паддзахад та  не схъæлæс кодтой бынтон.