Ираклий Гъарибашвили æнæцудгæ райрæзты нысæнтты саммиты байгомыл уыд
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, делегациимæ иумæ, æнæцудгæ райрæзты нысæнтты саммиты байгомыл уыд, кæцы ИНО-йы генералон ассамблейы эгидæйæ, паддзахадты æмæ хицæуæдты сæрдæртты æмвæзадыл цыппар азы мидæг иу хатт ацæуы.
Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны хицауад.
Саммиты байгом кодтой ИНО-йы генералон ассамблейы президент Дэнис Францис æмæ ИНО-йы генералон нымæрдар Антониу Гуттереш.
«Æнæцудгæ райрæзты нысæнтты саммит 2030 аы боны фæткы райсты фæстæ дыккаг хатт цæуы. Фыццаг саммит 2019 азы ацыд. Ацы аз саммитæн ис 2030 азы æнæцудгæ райрæзты бонвæткы астæуккаг аргълæвæрды нысан. Саммиты нысан у бирæфарсон æмæ кæрæдзиимæбаст кризисы тыххæй Дунейы раз уææг расидтыты цæстæнгасæй æнæцудгæ райрæзты ныæнтты прогрессы астæуккаг аргълæвæрд æмæ 2030 азы боны фæткы фæтагъдгондæй сæххæст фæахъаз. Саммиты кæрон хайадисджытæ политикон деклараци райсдзысты.
Саммиты фæлгæтты Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, æндæр лидертимæ иумæ, дзырдæй ралæудзæн. Диалогы темæ «интегриргонд политикæйы æмæ паддзахадон институтты тынг кæнын æнæцудгæ райрæзты нысанмæ баххæссынæн». ИНО-йы генералон дебаттыл ремьер-министр Дунейы лидерты раз 22 сентябры ралæудзæн», – банысангонд у Гуырдзыстоны хицауады информацийы.