Антониу Гуттереш  та Уæрæсемæ, хоры бадзырдмæ æрыздæхынмæ æрсидтис
Антониу Гуттереш та Уæрæсемæ, хоры бадзырдмæ æрыздæхынмæ æрсидтис

ИНО-йы   генералон  нымæрдар  Антониу Гуттереш  сиды  Уæрæсемæ,  æрыздæхæт   хоры бадзырдмæ, кæцы Сау Денджызы уылты   украинаг   хоры   æдас экспорты ифтонг кодта.

Гуттерешы дзырдæй,  зæгъгæ «Хæринагы  аргъ куы  рæзы, уый  бафидын  тыхыбын кæны алчидæр».

«Сау Денджызы   инициативæ  фæурæдæй, æхсæнады цыбыркъух   фæлтæртæ  бафиддзысты бæрзонд аргъ. Хæринаг куы  зынаргъ кæны  уæд  уый  бафидын  тыхыбын кæны  алчидæр.  Мах нырид  уынæм  негативон   æндæвдад  мæнæуы æмæ  нартхоры  глобалон æргътыл, кæцы  алкæмæн знаггад кæны, фæлæ  уый сæрмагондæй мæлæтхæссæг  у  æнæхъахъхъæд   бæстæтæн, кæцытæ  сæрмагонд  адæмы ысхæссынæн  тох кæнынц», –  хъусын кæны  Гуттереш.