Сергей Лавров – Уæрæсе активонæй баххуыс уыдзæн Хуссар Ирыстонæн социалон-экономикон райрæзты программæ сæххæсты
Уæрæсе активон баххуыс уыдзæн Хуссар Ирыстонæн социалон-экономикон райрæзты программæйы сæххæсты – Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр, Сергей Лавровы фæнысангонд фидиуæн оккупацигонд Хуссар Ирыстоны фæсарæн хуъыддæгты министрæй хуынд Джиоты Æхсаримæ фембæлды фæстæ уырыссаг медиа публикаци кæны.
«Æнтыстджынæй цæуы æххæст инвестицион проекттæ. Цъус рæстæг размæ ист уыдис республикæйы социалон-экономикон программæ. Активонæй уын баххуыс уыдзыстæм йæ реализацийы» – банысан кодта Лавров.
Медиайы хъусинагæй, Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр хъусын кæны, цææмй ацы рæстæгмæ цæуы цæттæдзинад Хуссар Ирыстоны парламенты сæрдары Æлборты Аланайы визитмæ».