Сергей Лавров -  Ныфс нæ ис, цæмæй документтæ, кæцытыл абхазаг фарсимæ куыст  цæуы, афоныл уыдзысты æрæмдзых
Сергей Лавров - Ныфс нæ ис, цæмæй документтæ, кæцытыл абхазаг фарсимæ куыст цæуы, афоныл уыдзысты æрæмдзых

Уæрæсейы фæсарæн хъудыдæгты министр Сергей Лавров   оккупацигонд Абхазы  а.х.  фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Шамбайæн, Абхазы  «уæлахиздзинады æмæ хæдбарады» боны  фæдыл раарфæ кодта.

Лавровы  æмæ Шамбайы  фембæлд Мæскуыйы  ацыд.

«Адарддæр кæндзыстæм Абхазæн æххуыс  социалон-экономикон   райтынгы.   Бадзырдмæ æмбæлгæйæ,  дарддæр кæндзыстæм æмгуыстад  Абхаз  Республикæйы  æдасдзинад  ифтонг кæныны æмæ  æхсæнадæмон позиты   стынг кæныны», – райхъусын кодта Лавров.

Сергей Лавров   афтæдæр  банысан  кодта Сирийы æмæ Никарагуайы  Уæрæсейы  æмæ «Абхазы  Дипломатон мисситы»  æрвылбойнон  координацидзинад.

«Принципон  позицитæ  нын ис  Хуссар Кавказы  фæдыл  Женевæйы  дискусситыл æмæ кæрæдзийы бадзырдтæн аразæм къух,  кæцы  нæфæсайгæ  ифтонг кæны  æдадсзинады æмæ стабилондзинад ацы  регионы, реалондзинæдтæ  банымадты бындурыл, уый нымæцы Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны  хæдбарады банымадæй», –   райхъусын кодта  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министр.

Оккупацигонд  Абхазы а.х.  парламенты  æрдгæй  «Экономикон   хъуыддæгты  тæрхонон арбитражы  уынаффæты  банымады æмæ сæххæсты  фæдыл»  бадзырды  ратификацийыл  ныхасы  рæстæдджы  Лавров  ныфс разагъта, цæмæй   «Иннæ  документтæ дæр, кæцытыл куыст цæуы,   афоныл уыдзысты  разыгонд».

Бæрæгдзырдæн, даууаг закъонопроектты  сфидар кæныны æркуырдæй  Уæрæсе 1-аг сентябрæй   оккупацигонд Абхазæн  финансдзинад баурæдта.