Оккупацигонд Абхазæй  æрласгæ  23  гоймагы æфсæддон кадæй  бавæрдтой
Оккупацигонд Абхазæй æрласгæ 23 гоймагы æфсæддон кадæй бавæрдтой

Фидыды æмæ æмбæстагон  æмсæрады фарстаты падзахадон министры  аппараты æмæ  Сырх Дзуары  æхсæнадæмон комитеты  иумæйаг  тыхархайдæй, оккупацигонд Абхазы  регионæй   æрласгæ 1990-æм азты  гарзджын архæйдтыты  рæстæджы æвæндаг-æрбайсæфтуæвæг 23  гоймагы  æмбæстагон панихидæ  дыууæ боны дæргъы  цыд  Самебайы кафедралон аргъуаны.

Æмардуæвджыты ном  абон паддзахадон министр Тея Ахвдежианиимæ иумæ,  ссардтой Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  æмæ Гуырдзыстоны  хицауады уæнгтæ.

Паддзахадон министры аппараты информацийæ, 17 хæстоны – Дигъомы  æфсымæрон уæлмæрдыл, иннæты та  бинонты  уынаффæйæ  æндæр æмæ æндæр локацитыл, сæ нымæцы   мыггаджы  уæлмæрдтыл  æфсæддон кадæй  бавæрдтой.

1990-æм азты гарзджын  архæйдтыты æмæ 2008 азы  августы хæсты æвæндаг-æрбайсæфтуæвджыты бацагуырды мехаизмы фæлгæтты, фыццаг  идентификаци  æмæ æрласт  2013 азы сыххæст ис. Ацы рæстæгмæ,  механизмы фæлгæтты ссардæуыд  604 адæймагы мардыбуар, уыдонæй идентификацигонд сты 288.