Сергей Лавров - АИШ-æм, Сирийæ рацæуыны план нæй, æмæ позицитæ цæугæдон Евфраты скæсæн донбылыл фидардæр кæны
АИШ-æм, Сирийæ рацæуыны план нæй, æмæ позицитæ цæугæдон Евфраты скæсæн донбылыл фидардæр кæны – уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр райхъусын коджта.
Сергей Лавровы ныхæстæм гæсгæ, рæнхъ паддзахадтæ зæгъгæ архайынц Сирийы ныууæнгтæ кæнын.
Уæрæсейы æддаг хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæг афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй алы фарс дæр Сирийы цæрджыты интерестæм æмбæлгæйæ хъуамæ архайа æмæ Сирийы суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинадæн цыд кæна.
«Исламы Паддзахадæй» цы хонынц уый ныхмæ АИШ-ы разамындæй архайæг æхсæнадæмон коалици, æфсæддон операци райдыдта 2014 азы.