Уæвæг информацийæ,  Сирийы  зæххæнкуысты фæстиуæгæн  237   адæймаг  амард
Уæвæг информацийæ, Сирийы зæххæнкуысты фæстиуæгæн 237 адæймаг амард

Сириайы  зæххæнкуысты  фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц  200-йæ  ахызт, – уый фæдыл  информаци хъусын кæны  бæстæйы æнæнизхъахъхъæды   министрад.

Æнæнизхъахъхъæды   министрады  информацийæ,  стихий ахаста 237  адæймагы  цард. Зианбавзарæг провинциты нымæцы сты  Алеппо, Латакиа, Хама  æмæ  Тартус.

Рынчындæттæм фæхæццæ кодтой  600-йæ  фылдæр  адæймагы.

Фидар зæххæнкъуыст Турк æмæ Сириайы  абон боныцъæхыл æрцыд. Стихийы   тых АИШ-ы  геологион  куысты  хъусинагæй уыд 7,8  магнитудæйы бæрц.

Турчы фæстаг официалон бæрæггæнæнтæй, амард 76 адæймаг, 440  та фæцæф сты.