Сергей Лавров - АИШ-æм, Сирийæ рацæуыны план нæй, æмæ позицитæ цæугæдон Евфраты скæсæн донбылыл фидардæр кæны
Сергей  Лавров - АИШ-æм, Сирийæ рацæуыны  план  нæй,  æмæ  позицитæ  цæугæдон Евфраты  скæсæн донбылыл  фидардæр кæны

АИШ-æм, Сирийæ рацæуыны  план  нæй,  æмæ  позицитæ  цæугæдон Евфраты  скæсæн донбылыл  фидардæр кæны –  уый фæдыл  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  министр  райхъусын коджта.

Сергей Лавровы  ныхæстæм гæсгæ,   рæнхъ  паддзахадтæ зæгъгæ архайынц  Сирийы  ныууæнгтæ кæнын.

Уæрæсейы  æддаг хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæг  афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй  алы фарс дæр  Сирийы  цæрджыты интерестæм æмбæлгæйæ  хъуамæ архайа  æмæ Сирийы суверенитеты  æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн цыд кæна.

«Исламы Паддзахадæй»  цы хонынц  уый  ныхмæ  АИШ-ы  разамындæй  архайæг  æхсæнадæмон  коалици,  æфсæддон операци райдыдта  2014  азы.