Константин Косачев - Уæрæсе ацы процессы баст нæ уыд, Сирийы хицауад ацы уынаффæ рахаста йæхи фæндæй
Константин Косачев - Уæрæсе ацы процессы баст нæ уыд, Сирийы хицауад  ацы уынаффæ рахаста йæхи фæндæй

Уæрæсейы Федерацийы   æхсæнадæмон ахастыты комитеты  сæрдар   Константин Косачев  Сирийы  хицауад оккупацигонд Гуырдзыстоны территориты  «хæдбардзинад»  кæй  банымадта уый, хоны  æвæрццаг процессы райдианæй.

«Уæрæсе ацы процессы баст нæ уыд.  Сирийы хицауад  ацы уынаффæ рахаста    йæхи фæндæй, кæцы  Сирийы  æмæ   Абхазийы  хицауадты æхсæн  уæвæг  ахастытæй рацæугæ у.  Уырнæг дæн  ай  у райдиан,  Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны  хæдбарады  нымадмæ райстмæ баиу  уыдзысты  æндæр паддзахадтæ дæр» – райхъусын кодта  Косачев.

Константин Косачев  загъта, цæмæй  фæрстæ зæгъгæ  хъавынц минæварадтæ бакæнын дæр.

Цалдæр сахаты размæ,  Башар ал Асады  режим, Гуырдзыстоны дыууæ  оккупацигонд  регионы – Абхазийы  æмæ   Цхинвалы  решгионы  де-факто республикæты  «хæдбарадзинад»  банымадта.

«Сирийы  ныхмæ  террористон   агрессийы  фоныл,  дыууæфарсон  разыдзинадæй,  Сирийы Арабты  Республикæ  æмæ Абхазийы æмæ  «Хуссар Ирыстоны»  республикæтæ  æрныхас кодтой,  кæрæдзийы  нымадмæ райсты   баивды фæдыл, Сирийы æмæ  Абхазийы  æмæ Хуссар Ирыстоны   æхсæн ахастыты  æрфидар кæныныл.  Дипломативон   ахастытæ   бындурæвæрд  цæуынц   минæварадты  æмвæзадыл» – банысангонд у  фидиуæны.

Сирий  у  фыццаг арабаг   паддзахад, кæцы  оккупацигонд  Гуырдзыстоны  регионты  «хæдбардзинад»  нымадмæ райста.