Сенаты æддаг хъуыддæгты комитеты рабадт, кæцыйыл абон «Хæлæртты акты» фæдыл хъуамæ æруынаффæ кодтаиккой, æргъæвд æрцыд
АИШ-ы сенатмæ æддаг æмахастыты комитеты рабадт, кæцы абон «Хæлæртты акты» фæдыл хъуамæ æруынаффæ кодтаид, æргъæвд æрцыд. Уый фæдыл комитеты веб-фарсыл ис фыст.
Абон райсомæй сенаттæ Джим Риш æмæ Жанна Шахины «Хæлæртты акты» бавдысты фæдыл фидиуæн публикацигонд æрцыд сенатон æттаг хъуыдтæгты комитеты веб-фарсыл.
Расидæны куыд банысангонд у афтæмæй, дыууæпартион акт æххуыс кæны гуырдзиаг адæмæн, уымæн æмæ сæ хицауад дарддæр кæны йæ тызмæг бырстытæ сабырадон протестгæнджытыл æмæ ноджы иу хатт бæлвырд кæны АИШ-ы фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны евроатлантикон интеграцийæн.
Уæ информацийæн, «Хæлары акт» гуырдзиаг бæрзонд гæстæн санкцитæ æмæ визæйы арæнæвæрд дары йæ зæрдыл. Сæрмагондæй, йæхимæ хауынц ахæм уагæвæрдтæ:
АИШ-Гуырдзыстоны ахастыты æххæст æркаст райдайын, æппæт æххуысы программæты нымæцы;
Банымайын гуырдзиаг адæмы фарсылхæцындзинад евроатлантикон интеграцийы процесстыл хæстдзинады тыххæй, куыд нысангонд у бæстæйы конституцийы;
АИШ-ы президентмæ сиды, цæмæй санкцитæ æрæвæра «Гуырдзиаг Бæллиццы» бæрнонтыл æмæ сæ фарсхæцджытыл, кæцытæ архайдтой коррупцийы, цæмæй Гуырдзыстоны евроатлантикон интеграцийы фæндагæй аиуварс кæной, Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад фехæлой, кæнæ та æндæр коррупцион практикæтæм бацæуой, кæцытæ Гуырдзыстоны стабилондзинадæн зиан хæссынц;
Адæмы æхсæн бастдзинæдтæ æмæ хъахъхъæнынады æмгуыстад фæтыхджындæр кæнын, уымæн æмæ Гуырдзыстон дарддæр кæны архайын йæ конституцион домæнтæм гæсгæ;
Уæрæсейы æрдыгæй æнæзакъонон оккупацийы рæстæджы Гуырдзыстоны æххæст суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсылхæцындзинад сиды;
Æххуыс кæндзæн æмбæстагон æхсæнадæн, кæцы хъахъхъæны гуырдзиаг адæмы æмæ Гуырдзыстоны конституцийы «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауады тыхæй æнæзакъонæй спайда кæнынæй.