Сенатортæ Джеймс Риш æмæ Джин Шахин, Гиорги Гахариамæ фыстæг æрвитынц
АИШ-ы Сенаты æддаг ахастыты комитеты сæрдар Джеймс Риш æмæ комитеты уæнг Джин Шахин Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариамæ æрвитынц фыстæг.
29 январæй датææвæрд фыстæджы, сенатортæ тыхстдзинад æвдисынц Гуырдзыстоны фæстаг рæстæджы айтынггонд фæзындты тыххæй, кæцы сæ хъуыдымæ гæсгæ, уый амонæг у, цæмæй Гуырдзыстон дард кæны демокративон институтты арæзтады хæсæй. Сенатортæ тыхсынц, парламент æвзарæнон реформæйы хæсы æнæ сыххæсты æмæ хицауады æрдгæй, сабыр демонстрантты тыхон амæлттæй ныссæндыны тыххæй.
«Хицауад ацы демонстрацитæ кæй ныссæста, уымæй хæлд æрцыд, гуырдзиаг адæмы демокративон барты æмæ æмбæстæгты хъахъхъæдады тыххæй, хицауады хæс», – дзырдæуы фыстæджы.
«Мах сæрмагондæй тыхст стæм уымæй, цæмæй Гуырдзыстоны тæрхонон системæйы хæдбарадæн йæ бын къахы Сæйраг Тæрхондоны 14 ног тæрхонгæнæджы нæмгъуыдæй снысан сæ квалификацийæн æххæст аргълæвæрды онг, куыд у уый банысангонд ЕÆÆО-ы (OSCE) 2020 азы январы хыгъдлæвæрды. Сæйраг тæрхонон инстанцийы, хъæддых мандат кæмæ ис, уыцы объективон тæрхонгæнджыты бæсты, политикон æмцæдисонты сфидар кæнын, йæ бын къахы уыцы демокративон институттæн, кæцытæ Гуырдызстоны с кодтой, регионы сеппæтæй тæхудиаг бæстæйæ. Цытджын Иванишвилийы фæстаг куырдиат, кæцымæ гæсгæ, протестон акцийы фылдæр хайадисæгы бахъæудзæн æрцахсын, ноджы иу знæтгæнæг фæзынд у. Ныфс дарæм, цæмæй ацы ныхæстæ не сты уый амонæг, ома Гуырдзыстоны хицауады фæнды фыдвæнд спайда кæнын тæрхондæттæй æмæ пъæлицæйæ та политикон нысæнттæн.
Азты дæргъы Гуырдзыстонимæ АИШ-ы партнерады фидар фарсхæцджытæ уыдыстæм æмæ нæ нырмадæр уырны, цæмæй уæм ис фидар демокративон фундамент. Фæлæ ацы фæзындтæ нæм æвзæрын кæнынц фарстытæ, нæ иумæйаг аргъдзинæдты æрдæм Гуырдзыстоны иузæрдыгдзинады тыххæй. Уымæй уæлдай, нæ зæрдæ хсайы, цæмæй реформæты прогрессы хъуагдзинад æмæ Гуырдзыстоны уавæры тынгадæй, йæ къух аразæг уыдзæн бæстæ æмæ æппæт регионы Уæрæсейы архæйдты фæтынгдæр кæнынæн. Ацы архæйдтытæ цас фылдæр аххæсдзысты, уый йас фылдæр тасы раз æрлæудзæн Гуырдзыстоны æдасдзинад æмæ гæнæн ис тыхыбын бауæм, нæ партнерад ногæй æркæсын.
Хæдбар, демокративон Гуырдзыстонæн бирæ æхсæнадæмон фарсхæцæг ис æмæ мах тырнæм уæ бæстæйæн баххуыс кæнын. Фæлæ мотивиргонд стæм, баххуыс кæнæм Гуырдзыстоны экономикон æмæ политкион рæзынады æрмæст уæдмæ, цалынмæ нæ бон уыдзæн, уа нæм ныфс, цæмæй Гуырдзыстон уыдзæн стабилон, æууæнкаг æмæ демокративон партнер. Æргомзæрдæйæ ныфсджын стæм, цæмæй бакусдзыстут цырдæй, цæмæй ацы фæстæмзмæлд раздахат æмæ Гуырдзыстоны адæмæн цы дзырд раттат, уый сыххæст кæнат», – дзырдæуы дыууæ сенаторы фыстæджы, кæцы Сенаты æддаг ахастыты комитеты веб-фарсыл æрцыд публикацигонд.