Каха Кучъава фембæлдис америкаг сенатортимæ, Джин Шахин æмæ Роберт Портманимæ
Каха Кучъава фембæлдис америкаг сенатортимæ, Джин Шахин æмæ Роберт Портманимæ

Гуырдзыстоны парламенты  сæрдар Каха Кучъава  америкаг сенатортимæ, демократ Джин Шахин æмæ  республикаг Роберт Портманимæ фембæлд. Парламенты пресс-куыты информацийæ,   фембæлдыл хъусдард здæхт уыдис Гуырдзыстон æмæ Америкæйы Иугонд Штатты æзсæн стратегион партнерадмæ æмæ  æнтыстытæм, кæцы  партнерады  алы  æрдæмадæй ис  æмæ   æмгуыстад фылдæр фæарф кæнынмæ.

«Каха Кучъава  фæныхас кодта Гуырдзыстоны цæугæ политикон  процессты фæдыл  æмæ  ацы  æрдгæй  сентаорты  цæстæнгасимæ æрзонгæ ис.  Бахахх ис  бирæпартион  парламенты нысаниуæг. Хъусдард  сцырын кодтой  æвзарæнон æмæ  тæрхонон реформæтыл, афтæма амнистийы  закъонопроектыл.

Банысанæуыд  ома Гуырдзыстоны европаг æмæ евроатлантикон  интеграци, бæстæйы  æддагон æмæ æдасдзинады политикæйы сæйраг приоритет у.

Оккупацигон Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг  уавæрыл ныхасы рæстæджы, парламенты сæрдар америкаг  закъондæтджытæн  бавдыста информаци  Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд   территоритыл  адæймаджы барты  хæлды  æнæ иу факты фæдыл æмæ  бахахх кодта  АИШ-ы  æххуыс конфликты  сабырадон фæндагæй аскуыддзагы процессы.

Ныхасыуыд бæстæйы  уæвæг инвестицион æрдзы æмæ  америкаг  инвестициты нысаниуæгыл.

Фембæлдыл сенатортæ  ноджы иу  хатт сбæлвырд кодтой  АИШ-ы  Конгрнессы  дыууæпартион фарсхæцын  Гуырдзыстоны суверенитет  æмæ  территорион  æнхъæндзинадæн  æхсæнадæмонæй нымад арæнты» –  банысангонд у парламенты пресс-куысты  информацийы.