Джим Риш - минæвар Дегнанмæ лæбурдтытæ кæрон скæнын хъæуы æмæ политикон æнæразыдзинад æрмæст цæсгомджын диалогæй хъуамæ аскуыддзаг уа
Сенатор Джим Ришы фидиуæнæй, зæгъгæ АИШ-ы минæвар Келли Дегнанмæ æмæ минæварады æнæхъæн балмæ лæбурдтытæ кæрон скæнын хъæуы. Уый фæдыл Риш «Америкъæйы Хъæлæсимæ» интервьюйы райхъусын кодта. Сенатор афтæдæр ныфссастдзинад равдыста уый тыххæй, ома быцæудзинады æмæ æнæууæнкы кампанийыл медиатыгъдады стыр рæстæг хардз кæны, кæцы Гуырдзыстоны поляризаци арфдæр кæны.
«Фдæнхъæлгæнæг у уымæ хъусын, цæмæй политиконæй æфсæст ахæм риторикæ гуырдзиаг медиайы ай бæрц рæстæг ахсы. Минæвар Дегнан æмæ нæ бал АИШ-ы минæварады æнæиу хатт равдыстой Иугонд Штатты фарсхæцын гуырдзаиг адæмы тырнынадмæ, цæмæй сæ фидæн транс-атлантикон дзыллæйы æмæ Евроцæдисы уа. Ацы лæбурдтытæ Америкæйы минæварадмæ æмæ Евроцæдисы раздæры минæвар Карл Харцеллмæ, бынтон æнæмбæлгæ сты æмæ сæ кæрон скæнын хъæуы» – загъта сенатор Риш «Америкæйы Хъæлæсæн».
Республикаг сенаторы дзырдæй, Гуырдзыстоны цæугæ политикон æнæразыдзинад хъуамæ алыг уа цæсгомджын диалогы фæрндагæй, кæцыйæн йæ нысан у Гуырдзыстоны поляризаци кæрон скæнын.
«Уый нæу фыццаг цау, политикон æнæразыдзинад Гуырдзыстоны медиатыгъдады публиконæй куы цæуы. Ацы типы политикон æнæразыдзинад хъуамæ алыг уа, провокацион публикон риторикæйæ нæ фæлæ цæсгомджын диалогы фæндагæй, кæцыйæн йæ нысан у Гуырдзыстоны поляризаци кæрон скæнын. Алы фарс дæр хъуамæ лæмбынæг æркæсæд сæрмагонд хъауджы позицитæм æмæ бацагурæт иуæмйаг бындур реалон прогрессмæ æрцæуынæн. Барæй политикон поляризаци, æртхъирæн кæны гуырдзиаг æхсæнадмæ æмæ æз фылдæр фæлмæцын Гуырдзыстоны фидæны тыххæй, кæд уый ацы диллемæйыл фæтых уын нæ бафæраздзæн» – загъта Джим Риш.
Демократ Сенатор Джин Шахин антиамерикаг кампанийы сбаста проуырыссаг тыхтимæ. Уый хъусын кæны, цæмæй дезинформаци æмæ æндæвдады æндæр операцитæ, уырыссаг ахуыргæнæн чиныгæй цæугæ дзæбæх зонгæ метод у. Йæ дзырдæй зæгъгæ, Гуырдзыстоны парламенты уæнгтæ хъуамæ уой уыцы акæнæг тыхæй, кæцы дыууæ бæстæйы æхсæн ахастыты æнæууæнк тауыны архайдты ныхмæ рацæудзысты.
«Хъыгагæн раджы дæр федтам аы типы тактикæ, кæцы нын амоны, цæмæй Уæрæсейы хъæддых фæнд, ахæлиу кæна йæ знаггадгæнæг æндæвдад æнæхъæн хурыскæсæн европæйы æмæ конкретонæй фæкуылымпы кæна Гуырдзыстоны, сæрмсгонд демократон æмæ евро-атлантикон тырнынадтæ сыххæст кæныны. Æз сидын гуырдзиаг закъондæтджытæм, хъæддых сæ ныхмæ слæуут ацы тæссаг дезинформацийы ахæлиуæн, Гуырдзыстоны демократи æмæ уыимæ иумæ, гуырдзиаг даæмы бирæ рæстагдæр æмæ æмбар фидæн саразын фæкъуыхцы кæнын кæй хъæуы уыдонæн. Адон сты æнæоригиналон методтæ уыцы чиныгæй, кæцыйæ Путин арæх пайда кæны. Гуырдзыстоны закъондæтыджтæ хъуамæ сыххæст кæной сæрмагонд рол æнæразыдзинады æмæ æнæууæнк тауыны архæйдтыты ныхмæ тохы. Иугонд Штаттæ баззайдзæн нæ демократон партнертæн æххуысы æмзæрдæ, цæмæй Гуырдзыстон ацы къурс ма фесафа» – райхъусын кодта сенатор Шахин.
Гуырдзыстоны Америкæйы минæвары куысты тыххæй та уый загъта, цæмæй Келли Дегнан растдæр ацы нысан баахъаз кæнынæн кусы, кæцы гуырдзиаг адæмы трансатлантикон дзыллæйы уæнгсуæвын дары йæ хъуыдыйы.
«Райгонд дæн минæвар Дегнаны зæрдиаг куыстæй ацы нысанмæ баххæссыны фæндагыл» – райхъусын кодта Шахин.