Сенатортæ Джеймс Риш æмæ Джин Шахин, Гиорги Гахариамæ  фыстæг æрвитынц
Сенатортæ Джеймс Риш æмæ Джин Шахин, Гиорги Гахариамæ фыстæг æрвитынц

АИШ-ы  Сенаты æддаг  ахастыты   комитеты   сæрдар   Джеймс  Риш æмæ  комитеты   уæнг   Джин  Шахин Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахариамæ  æрвитынц  фыстæг.

29  январæй  датææвæрд   фыстæджы,  сенатортæ   тыхстдзинад æвдисынц  Гуырдзыстоны  фæстаг   рæстæджы айтынггонд  фæзындты   тыххæй,    кæцы  сæ  хъуыдымæ гæсгæ,   уый  амонæг у,   цæмæй  Гуырдзыстон  дард кæны  демокративон институтты   арæзтады   хæсæй.  Сенатортæ  тыхсынц, парламент   æвзарæнон   реформæйы  хæсы æнæ сыххæсты   æмæ  хицауады æрдгæй,   сабыр демонстрантты  тыхон амæлттæй  ныссæндыны  тыххæй.

«Хицауад  ацы  демонстрацитæ кæй  ныссæста, уымæй хæлд æрцыд,  гуырдзиаг   адæмы  демокративон   барты  æмæ   æмбæстæгты  хъахъхъæдады тыххæй,  хицауады хæс», – дзырдæуы  фыстæджы.

«Мах  сæрмагондæй   тыхст стæм уымæй, цæмæй Гуырдзыстоны  тæрхонон  системæйы  хæдбарадæн йæ бын  къахы Сæйраг  Тæрхондоны   14  ног  тæрхонгæнæджы  нæмгъуыдæй  снысан  сæ  квалификацийæн  æххæст аргълæвæрды онг,  куыд у  уый  банысангонд ЕÆÆО-ы (OSCE) 2020 азы   январы  хыгъдлæвæрды. Сæйраг  тæрхонон инстанцийы, хъæддых  мандат кæмæ ис,  уыцы  объективон тæрхонгæнджыты бæсты,  политикон  æмцæдисонты сфидар кæнын,  йæ  бын къахы уыцы  демокративон  институттæн,  кæцытæ  Гуырдызстоны с кодтой,  регионы   сеппæтæй  тæхудиаг бæстæйæ.  Цытджын Иванишвилийы фæстаг  куырдиат,  кæцымæ гæсгæ,   протестон акцийы фылдæр хайадисæгы бахъæудзæн  æрцахсын,   ноджы иу  знæтгæнæг   фæзынд у.  Ныфс дарæм, цæмæй  ацы ныхæстæ  не сты  уый амонæг, ома Гуырдзыстоны  хицауады  фæнды   фыдвæнд спайда кæнын тæрхондæттæй æмæ  пъæлицæйæ  та  политикон  нысæнттæн.

Азты  дæргъы   Гуырдзыстонимæ АИШ-ы  партнерады  фидар   фарсхæцджытæ  уыдыстæм  æмæ  нæ  нырмадæр уырны,   цæмæй   уæм ис   фидар демокративон   фундамент. Фæлæ  ацы  фæзындтæ  нæм æвзæрын кæнынц  фарстытæ, нæ иумæйаг  аргъдзинæдты æрдæм   Гуырдзыстоны  иузæрдыгдзинады  тыххæй.  Уымæй  уæлдай,  нæ  зæрдæ  хсайы,  цæмæй реформæты  прогрессы хъуагдзинад æмæ Гуырдзыстоны  уавæры тынгадæй, йæ  къух  аразæг уыдзæн   бæстæ æмæ æппæт регионы  Уæрæсейы  архæйдты  фæтынгдæр кæнынæн. Ацы  архæйдтытæ  цас  фылдæр аххæсдзысты,  уый йас  фылдæр  тасы  раз  æрлæудзæн Гуырдзыстоны  æдасдзинад æмæ гæнæн ис   тыхыбын бауæм,   нæ партнерад   ногæй  æркæсын.

Хæдбар, демокративон Гуырдзыстонæн   бирæ æхсæнадæмон   фарсхæцæг ис æмæ   мах  тырнæм  уæ бæстæйæн баххуыс кæнын.  Фæлæ  мотивиргонд  стæм,  баххуыс  кæнæм  Гуырдзыстоны  экономикон æмæ  политкион  рæзынады æрмæст уæдмæ,    цалынмæ нæ бон  уыдзæн,  уа нæм ныфс,  цæмæй  Гуырдзыстон уыдзæн стабилон, æууæнкаг  æмæ  демокративон  партнер. Æргомзæрдæйæ ныфсджын стæм, цæмæй  бакусдзыстут  цырдæй, цæмæй  ацы  фæстæмзмæлд  раздахат  æмæ    Гуырдзыстоны адæмæн цы  дзырд раттат, уый  сыххæст кæнат», –  дзырдæуы   дыууæ сенаторы  фыстæджы,  кæцы  Сенаты   æддаг  ахастыты  комитеты  веб-фарсыл æрцыд публикацигонд.