Сенатор Кунс - Нæ бæстæтæ Украинайы фарстайыл иуæймагæй схъæлæс кодтой ИНО-йы, гуырдзыйæгтæ зонынц цы у агресси æмæ оккупаци, ныр афон у, иумæ слæууæм
Нæ бæстæтæ иуæймагæй, æмхуызонæй схъæлæс кодтой ИНО-йы, афтæдæр нысаниуæгджын у, æххуыс адарддæр уа, гуырдзыйæгтæ зонынц цы у агресси, оккупаци – уый фæдыл сенатор Крис Кунс Конгрессы делегацийы Гуырдзыстонмæ визиты фæдыл Тбилисы лæвæрд пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
«Америкæйы Иугонд Штаттæ зæгъæн ис 6 миллиард долары бæрц æххус ракодта Гуырдзыстонæн фæсатг 30 азы дæргъы, ножды ма æндæр æмæ æндæр амæлттæй æххуыс кодтам: экномикон рæзынад, æдадсзинад, закъоны сæйрагдзинад. Афтæма æххуыс кодтам нæ адæмты æхсæн цæдистæ сфидар кæнынæн. Нырид 56 бон у, Путины æмæ Уæрæсейы æбуалгъ агресси цæуы. Алкæй нæ ныфсджын кæны украинæгты æхсардзинад æмæ тых. Мах, нæ бæстæтæ, иумæйагæй, æмхуызонæй схъæлæс кодтам ИНО-ы æмæ афтæдæр нысаниуæгджын у, æххуыс адарддæр уа. Гуырдзыйæгтæ зонынц цы у агресси, оккупаци. Ныр афон у, иумæ слæууæм» – райхъусын кодта сенатор Кунс.