АИШ-ы Конгрессы делегаци  Гуырдзыстонмæ фæуазæг ис
АИШ-ы Конгрессы делегаци Гуырдзыстонмæ фæуазæг ис

 

АИШ-ы Конгрессы  делегаци Гуырдзыстоны ис.  Делегацийы  уæнгтæ сенатортæ  визиты фæдыл  Тбилисы   пресс-конференци ауагъдтой.

Америкаг  сенатортæ  Тбилисы  ацæугæ  фембæлдты æмæ  дыууæ бæстæйы ахастытæм раздæхтой хъусдард.

Сенатор Кунсы идиуæнæй,  делегаци  Гуырдзыстонмæ  фæуазæг ис АИШ-Гуырдзыстоны дипломатон ахастыты  30 азы сæрмæ гæсгæ.  Йæ дзырдæй   нырид зæгъгæ фембæлдысты Гуырдзыстоны премьер-министримæ, фæсарæн хъуыддæгты  министримæ, оппозицийы  лидертимæ.  Афтæма  Уæрæсейæ  лыгъд  уырыссаг дисиденттимæ æмæ украинаг лигъдæттимæ.

«Фæнды мæ, ныхасы райдианы цыбырæй  бахахх кæнын, цæмæй  куыд бæрзонд аргъ кæнæм  уыцы партнерадæн, кæцы  æххæстæуа АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны адæмты æхсæн. Ис нын иумæйаг истор, иумæйаг аргъдзинæдтæ æмæ иумæйаг тырнынадтæ» –  райхъусын кодта  сенатор Кунс.

Сенатор Гарри Петерсы фидиуæнæй,   зæгъгæ фæстаг къуыриты дæргъы  Украинайы айтынггонд фæзындтæ  ноджы иу  хатт сбæлвырд кодтой, цас нысаниуæгджын у, æнæхъæн дуне  слæууа  иумæ æмæ  демократитæ  стыхджын уа  иудзинады фæрцы.

«Сегасдæр тæлмæнгæнæг  ацы куъырийы  уыд, æнæрмæст украинаг  адæмы æндиуддзинад, фæлæма уый цæмæй  дунейы  алы демократийæ бамбæрстой, иумæ хуъамæ  уæм,нæ кæрæдзимæ нæ къухтæ раттæм, цæмæй  алцыппæт саразæм цы хъæуы уый, цæмæй  ныхкъуырд раттæм агрессийæн, кæцы  рацыд Путинæй æмæ  æндæртæй.  Уый тыххæй мæ фæнды  фылдæр базонын Гуырдзыстоны фæдыл  æмæ афтæдæр  мæ фæнды  алкæмæн  фехъусын кæнын Гуырдзыстоны, куыд сенатор  АИШ-æй, мæхимæ исын хæс, адарддæр уа Гуырдзыстоны адæмæн  æххуыс, цæмæй  стыхджын уа демократи, кæцы  айас дæсгай  азты дæргъы  сымахмæ   парахат кæны» –  райхъусын кодта сенатор Гарри Петерс.