Келли Дегнан -  тынг хъал стæм уыцы æнтыстытæй, кæцытæм АИШ æмæ Гуырдзыстон, ивгъуыд 30 азы даргъы  баххæссыдыстæм, уый уынын  кæдæм ацæуын алы ран
Келли Дегнан - тынг хъал стæм уыцы æнтыстытæй, кæцытæм АИШ æмæ Гуырдзыстон, ивгъуыд 30 азы даргъы баххæссыдыстæм, уый уынын кæдæм ацæуын алы ран

Тынг бирæ нын ис рымысинаг аы  ивгъуыд 30 азы  дæргъы нæбыхсгæйæ иу æнхъæлмæ кæсæм фидæн азтæм, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвар, Келли Дегнан   Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  æхсæн дипломатон  ахастыты 30   азы  сæрмæ нывонд мадзалыл   райхуъсын кодта.

Йæ  дзырдæй, зæгъгæ æхсызгон у  уыцы æнтыст, кæцымæ  АИШ æмæ  Гуырдзыстон ацы 30  азы  дæргъы  баххæссыдысты.

«Абон ам  стæм, цæмæй  банысан кæнæм Америкæ-Гуырдзыстоны дипломатон  ахастыты 30  азы юбилей.  Тынг  хъал стæм  уыцы æнтыстытæй,  кæцытæм АИШ æмæ Гуырдзыстон  ацы  30 азы мидæг баххæссыдыстæм. Æз уый  кæддæриддæр уынын алкуыран.  Гуырдзыстоны регионтæм балцы рæстæджы  иу уынын  скъолаты, кæцыты «Миназы сидты фонды»  фæрцы иумæ  сарызтам; уынын уыцы продукцийы, кæцыйы фермертæ  уадзынц æмæ сæ ног базарты  бæрзонд аргъæй  уæй кæнынц; уынын уыцы  диссаджы  куысты, кæцыйы донбылхъахъхъæды, арæнон пъæлицæйы, таможнæ æмæ  барадхъахъхъæнæг  структурæты  кусджытæ æххæст кæнынц.  Кæй зæгъын æй хъæуы,  уыцы фидар æмгуыстад  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады тыхты   æхсарджын  минæвæрттæм, кæцытæ  бæстæйы æдасдзинад æмæ   арæнтæ  хъахъхъæнынц.  Æцæгдæр нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсæм фидæны æмгуыстадмæ.  Мæнæн  стыр цыт  у  ацы бон  банысан кæнæн мадзалыл  куы ис  Гуырдзыстоны  премьер-министр, фæсарæн хъуыддæгты  министр æмæ «USAID»-ы  администраторы хæдивæг. Хъуыды кæнын, уый   амонæг  у,  цæмйæ  цас нысаниуæгджын у  Гуырдзыстон, АИШ-æн.  Тынг бьирæ  æрымысинæгтæ нын ис  ацы  ивгъуыд 30  азы дæргъы æмæ нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсæм  фидæн азтæм», – банысан кодта Келли Дегнан.