Джордж Кент - мах феххуыс кæндзыстæм гуырдзиæгтæн, цæмæй  сæхицæн раст уынаффæ рахæссæт, фæлæ  Тбилисы уыцы уынаффæ  æрмæст сæхæдæг хъуамæ рахæссæт
Джордж Кент - мах феххуыс кæндзыстæм гуырдзиæгтæн, цæмæй сæхицæн раст уынаффæ рахæссæт, фæлæ Тбилисы уыцы уынаффæ æрмæст сæхæдæг хъуамæ рахæссæт

Не нхъæлын цæмæй  гуырдзиаг адæм цы  скуыддзаг хъуамæ рахæссой  уый  сæ бæсты сæ  хæлæрттæ  хъуамæ рахæссой, мах сын феххуыс кæндзыстæм раст уынаффæ рахæссыны – ацы  фидиуæн  АИШ-ы паддзахадон  нымæрдары  хæдивæг, Джордж Кент, «Атлантикон Советы»  организацигонд виртуалон  дискуссийыл  сарызта, кæцыйыл  Гуырдзыстоны сырæзт уавæрыл  уынаффæ кодтой.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ  ис  тынг дзæбæх тыгъдад, цæмæй АИШ æмæ Евроцæди адарддæр кæной иумæ кусын.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ  реалистон нæу  уый æнхъæл уын, ома  иннæ дыууæ къуырийы  Вашингтонæй æвæстиат визитæй  исчи абалц кæндзæн  Тбилисмæ.  Нæ бон у  кусæм нæхи æмæ  Евроцæдисы минæвæртты æххуысæй, кæцытæ фасилитаци кæнынц диалогæн.  М æхъуыдымæ гæсгæйæ  уыцы элементтæ, кæцытыл фæныхас кодта Европаг Советы президент Шарль Мишель  Гуырдзыстоны политикон спектры  минæвæрттимæ,  афтæдæр уыд бавдыст  минæвæртты фасилитацийæ  ауадзгæ  бадзырдтыл, кæцы нырид цалдæр мæй  у  цы  даргъ кæнынц. Афтæмæй  мæ хъуыдымæ гæсгæ,  ацы диалогы  элементтæ   рагæй  бæрæг сты» –  райхъусын кодта  Джордж Кент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ дыууæдæр фарсы æрдгæй   нæй  æгъгъæд бæрцæй политикон фæндон.

«Кæд серьозонæй  хъуыды кæнынц  Гуырдзстоны фидæны,  уæд хъуамæ рахæссой уынаффæ.  Ме персоналон  хъуыды у, цæмæй  дих политикон  тонхы дыууæдæр фарсыл  разы сты  Гуырдзыстоны фидæны  къурсыл. Уый бæрæг у  алы социологион иртæсты, NDI-ы фæстаг иртæст куыд равдыста, афтæмæй Гуырдзыстоны цæрджыты 75%  разы сты  Гуырдзыстоны НАТО æмæ Евроцæдисы уæнгæй  суæвынимæ, афтæ сæм кæсы Гуырдзыстоны фидæн.  Мæ хъуыдымæ гæсгæйæ, АИШ æмæ Европæйы диалог  уыдзæн  тæфаг бандавдзæнис бирæ фарстæтæм, сæ нымæцы  Гуырдзыстоны, афтæма Кавказы, Карабахы  конфликты фæстæ  сæвзæргæ уавæрмæ,  Иран, Белорус, Украина. Уырнæг дæн,  цæмæй  нын уыдзæнис  партнерад  æмæ  æххæст политикон спектримæ бакусдзыстæм.  Не нхъæлын цæмæй  гукырдзиæгтæ цы уынаффæ хъуамæ рахæссой, уый сæ бæсты гæнæн ис  сæ хæлæрттæ  рахæссой, мах феххуыс кæндзыстæм гуырдзиæгтæн, цæмæй  сæхицæн раст уынаффæ рахæссæт, фæлæ  Тбилисы уыцы уынаффæ  хъуамæ рахæссæт æрмæст сæхæдæг, нæ æххуысæй»- банысан кодта Джордж Кент.