Хъахъхъæнынады тас фæкъаддæры фæдыл АИШ-ы агентады  организацигондæй Тбилисы быдырон-практикон  ахуыр райдыдта
Хъахъхъæнынады тас фæкъаддæры фæдыл АИШ-ы агентады организацигондæй Тбилисы быдырон-практикон ахуыр райдыдта

 

Гуырдзыстоны  паддзахадон   æдасдзинады куыст фысым кæны масштабон  мадзалæн, быдырон практикон  æхсæнуагдонон  ахуыртæн. ПÆК-ы  информацийæ,  ахъуыртæн сæ нысан у  химикон, биологион, радиацион  æмæ атомон  тасы хæлиукæнынады ныхмæ тох. Уыимæ, сæ информацийæ,   ахуыр цæуы АИШ-ы хъахъхъæнынады    тас фæкаддæры  агентады (DTRA)  организацигондæй  æмæ йæм цæст дардзæнис Америкæйæ æрцæугæ  бал.

«Банысан кæнын хъæуы уый æмæ  Гуырдзыстоны паддзахадон æдадсзинады куысты æмæ АИШ-ы   хъахъъхæнынады  тас фæкаддæры  агентадимæ  бирæазон  æмгуыстады  фæстиуæгæн гуырдзиаг  спец-куыст нысаниуæгджынæй  сбæрзонддæр кодта    профессион фæлтæрдтæ, æмбæлгæ  хайадтæ   ифтонггонд сты специалон ифтонггæрзтæй  æмæ  æнтыстджынæй кусынц,  химикон, биологион,  атомон æмæ радицаион   æдадсзинады,  рæмудзæн гарзæгты сæнæзианхъом кæныны æмæ  массон скуынæгы  хæцæнгарз æнæахæлиуы сферæйы.

Паддзахадон æдасдзинады куысты ахуыргæнæндон центры  уагъд  байгомы церемонийыл уыдысты, АИШ-ы  хъахъхъæнынады   тас фæкаддæры  агентады, Европæйы АИШ-ы  авиацион  тыхты  æмæ  Джорджиайы штаты  националон   гвардийы  минæвæрттæ, МХМ-ы уæлвæтк уавæрты  куысты  къухдариуæггæнæг æмæ  ахуырты хайадисæг  уагдæтты  бæрнон  уæнгтæ.  Ахуыр цæудзæн 19  августмæ», – банысангонд у  ПÆК-ы  информацийы.