Иттæг нысаниуæгджын министериал йæ конкретон фæстиуджытæй у ноджы иу банымад уыцы æнтыстджын курсы, кæцы ис Гуырдзыстонæн НАТО-мæ интеграцийы æрдæмадæй, куыд реформæты фæндагыл, афтæ хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинад фæтынг кæныны цæстæнгасæй, – загъта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалиани, НАТО-йы министериалы фæстæ.
Залкалианийы ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ нысаниуæгджын документ у, министериалыл НАТО-йы 2030 азты цы стратегий фæцыд сæ зæрдæмæ уый æмæ кæцыйы рекомендациты хайы хаххгондæй банысангонд у Бухаресты саммиты уынаффæ, ома Гуырдзыстон æнæмæнгæй суыдзæн НАТО-йы уæнг.
«Ацы документы рекомендациты хайы дзырдæуы уый тыххæй, цæмæй аспирант бæстæтæм гæсгæ, сæ нымæцы Гуырдзыстонимæ, уæнг суæвыны фæдыл диалог бынтон ног æмвæзадмæ хъуамæ схиза. Хъуыды кæнын, цæмæй уый у иуæй-иу нысаниуæгджын æнтыст æмæ уырнæг дæн, цæмæй дарддæры периоды нын ацы цæстæнгасæй уыдзæн афтæдæр нысанниуæгджын рахатинаг фæстиуджытæ», – загъта фæсарæн хъуыддæгты министр, кæцыйы ныхæстæм гæсгæ, ист уынаффæтæ Гуырдзыстоны евроатлантикон интеграцийы процесс æнæфæзилгæ скæндзысты, кæцы фæстагмæ фæбæрæг уыдзæн НАТО-ы уæнг суæвыны.