Сауды Арави 2 - 1 Египет (видео)

«А» къорды   æртыккаг  туры   фембæлды   хъазыдысты  Сауды Арави æмæ Египет.  Матч  фæцис хыгъдæй  2:1. Къордон этапы  фæстаг туры  размæ  плейофы хъазыны  шанс  нал уыдис  дыуæдæр  æмбæрдгондмæ.

Пурти фылдæр  йæхимæ  дартта Сауды  Аравийы  æмбырдгонд, фæлæ   египеттæгтæ  тæссаг  эпизодтæ  арæхдæр  æвзæрын кодтой. Матчы  фыццаг гол   22-аг минуты  Мохаммед Салах  баппæрста æмæ   Египеты  размæ  ракодта.  Уый фæстæ Сауды Арвийы  футболисттæ  фæактивон сты  æмæ таймы   кæрон   египеттæгты  дуæртты æрдæм дыууæ пенальти снысан ис.  40-æм минутыл  пенальти   фæстæмæ акъуырдта   45 аздзыд  Хадари.  Таймы æртыккаг уæлæмхас минутыл  та  Сауды   Арави  хыгъд сраст кодта.  Салман  Ал  Фараджа  пенальти  дырыс ныццавдта  æмæ сфиксир кодта хыгъд – 1:1.   Дыккаг   таймы дыууæдæр камандæмæ   уыдис гол баппарыны шанс, фæлæ   бырстыты  кæройнаг фазæйы   сын  дырыс  цæф   не нтыстис.  Матчы  фæстаг уæлæмхас  минутыл   Сауды  Арави  дзæбæх   размæбырст сыххæст кодта  æмæ   Ал Давсари   уæлахиздзинад æрхæссæг гол   баппæрста.

Сауды Арави  турнирыл   ерыс  фæцис  3 баллимæ, æрмæст Египет  та,  иунæшг  балл дæр нæ райста.

 

Рафыссут нæ  уникалон аппликаци   FIFA 2018! Android  iOS

Æмæ  уæм уыдзæн фадат,  оперативонæй   базонат  алы  цымидисон  хабаримæ,   матчыты  бæлвырд  ранывæст, фæстиуджытæ  LIVE-режимæй  æмæ  саразат  уæхи сæрмагонд прогноз!

Матчыты  бæлвырд  ранывæзт  -Дунейы Чемпионат  Фыццаг Къаналыл!