Ираклий Гъарибашвили  Сауды Аравийы æххæстбарджын   минæваримæ фембæлдис
Ираклий Гъарибашвили Сауды Аравийы æххæстбарджын минæваримæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министр Ираклий Гъарибашвили  Сауды Аравийы  Паддзахады  сæрмагонд æмæ æххæстбарджын   минæвар, Абдулла ал-Мутаиримæ фембæлдис.

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министрады  пресскуысты  информацийæ Ираклий Гъарибашвили  минæварæн   визиты  тыххæй раарфæ кодта  æмæ  Гуырдзыстон æмæ Сауды Аравийы  æхсæн æмгуыстады æмæ дыууæфарсон  ахастыты  рапарахат кæныны  рæзгæ динамикæ  æвæрццагæй  саргъ кодта.

Министр ныфс равдыста, ома  хъахъхъæнынады   сферæйы   æмгуыстад æввахс  фидæны  ноджы фæарфдæр уыдзæнис. Фембæлдыл хъусдард здæхт æрцыд  æфсæддон-амалиуæгады сферæйы  æмгуыстады æрдæм.