Египеты дыууæ израилаг  туристы  амардтой
Египеты дыууæ израилаг туристы амардтой

Израилы  фасарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй,   Египеты  горæт  Александрийы   дыууæ израилаг туристы  æмæ сæ египеттаг  гиды  амардтой.

Уымæй дарддæр ма, Израилы фæсарæн хъуыддæгты  министрады хъусинагæй, цæф у Израилы  иу æмбстаг, кæцыйы уавæр астæуккаг уæззау  у.

Медиайы хъусинагæй,  Израилаг туристты къордыл æхст бакодта   пъæлицæйаг.  Ахæлиугонд информацийæ,  офицер  ныр   ахст у.

«Абон,  сæумæорайсом, Египеты горæт Александрийы  израилæгты  къорды туристон  визиты рæстæджы, бынæттон сыл æхст бакодта, кæцыйы фæстиуæгæн  Израилы  дыууæ æмбастаг  æмæ бынæттон египеттаг   гид  амардысты», –  хъусын кæнынц  фæсарæн хъуыддæгты министрады.

«ВВС»  куыд фыссы афтæмæй,   уый  у фыццаг ахæм бырст израилæгтæм  Египеты фæстаг дæсой азты дæргъы.