Сау Денджызы донбын электроадæттæн хаххы проекты техникон-экономикон иртасæны ауадзыны тыххæй, Гуырдзыстон баздæх Дунейон банкмæ, 75 милуан долларыл рагафон бадзырд нырид бантыстис
Сау денджызы донбын электроадæттæн хаххы проекты техникон-экономикон иртасæн ауадзынмæ Гуырдзыстон сиды Дунейон Банкмæ, 75 млн долларыл рагафон бадзырд нырид бантыстис, – уый фæдыл банысангонд у хицауады администрацийы пресскуысты информацийы.
Афтæма сæ хъусинагæй, хицауады абоны рабадтыл æркæсинаг фарстаты æхсæн уыд Гуырдзыстоны хицауады барамынды проект – «Сау денджызы донбын электроадæттæн хаххы проекты техникон-экономикон иртасæны сæххæсты нысанæн финансдзинад æрбаласыны фæдыл» .
«Сæрмагондæй , Гуырдзыстоны инициативæйæ куыст райдыдта проектыл, кæцы Кавказы регионы æмæ Европæйы энергетиконæй кæрæдзиимæ сбæттын дары йæ хъуыдыйы бæрзонд тынгады Сау денджызы донбын электроадæттæн телы фæрцы. Конкретонæй, Сау денджызы бын уылты цæуæг электроадæттæн хахх сбæтдзæн Гуырдзыстоны æмæ Румынийы электросистемæтæ.
Техникон иртасæн нырид райдыдта, кæцыйæн 2,5 милуан евройы бæрц финансдзинад рауæлдай ис æмæ цæугæ азы фæуыдзæн.
Ацы рæстæджы афтæма, Гуырдзыстоны хицауады уынаффæйæ, финансты министрад баздæхдзæн Дунеон Банкмæ Сау Денджызы донбын электроадæттæн хаххы проекты техникон-экономикон иртасæны сæххæст ынысанæн 75 милуан АИШ доллары финансдзинад æрбаласыны фæдыл, кæцыйы рагафон бадзырд нырид бантыстис Банкимæ, куыд суммæйы бæрцы, атæма конкретон æрдæмадты фæдыл», – банысангонд у хицауады администрацийы пресс-куысты информацийы.
Гуырдзыстон, Азербайджан, Румыни æмæ Венгри Сау денджызы уылты электроэнергийы адæттæн донбын кабелы проект, ивгъуыд азы 17 декабры бафыстой.